«Габалайы» гуырдзиаг æрдæгхъахъхъæнæг Мераб Гигаури Азербайджаны чемпионаты 11-æм туры сеппæтæй хуыздæр футболистыл банымадтой – уый фæдыл информацийы хъусын кæны Азербайджаны профессион футболы лигæйы официалон веб-фарс.
Ацы рæстæджы Гигаурийы, йе мбал, Давид Волковимæ иумæ, туры символон æмбырдгондмæ дæр бахастой. Премьерлигæйы 11-æм туры «Габала» иуæй-иу лидеры, «Сибаил»-ы хыгъдæй 3:0 гуырдзиæгты хорз хъазты фæрцы басаста. Волков матчы расгуыхт ис дублæй, Гигаури та æндæогътæн фæзы центры иу уысмæй сæрибарæй фердæхты фадат нæ дæтта.
Азербайджаны профессион футболы лигæйы официалон сайты хъусинагæй, «Инстат спорты» статистикæйæ, «Габалайы» æрдæгхъахъхъæнæг 319 балл æрымбырд кодта, кæцы туры сеппæтæй хуыздæр фæстиуæг у. Æрмæст дыккаг бынатыл та ис Давид Волков – 313 баллæй.