Азербайджаны нымæцон размæцыды æмæ транспорты министр – Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны æхсæн æмгуыстад ахъаз уыдзæн «Астæуккаг къæлидоры» рæзтæн æмæ йæ ноджы зæрдæмæдзæугæдæр кæндзæн
Азербайджаны нымæцон размæцыды æмæ транспорты министр – Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны æхсæн æмгуыстад ахъаз уыдзæн «Астæуккаг къæлидоры» рæзтæн æмæ йæ ноджы зæрдæмæдзæугæдæр кæндзæн

Нæ бæстæтæ – Гуырдзыстон æмæ Азербайджан – нысаниуæгджын архайджытæ сты «Астæуккаг къæлидоры» размæцыды. “Фæстаг æртæ азы мидæг нæ территорийы уылты товартæ ласын зынгæ фæфылдæр. Дыууæрдыгæй дæр сарæзтам алцыппæт, цæмæй нæ клиенттæ райгонд уой”, – загъта Азербайджаны нымæцон рæзт æмæ транспорты министр Рашад Набиев, кæцы Гуырдзыстоны кусæгон балцы ис, Леван Давиташвилиимæ фембæлды фæстæ Гуырдзыстоны.

Фарсытæ æруынаффæ кодтой дыууæ бæстæйы æхсæн транспорты фадыджы æмкуыстдзинады фарстатыл, афтæ дæр нысаниуæгджын проектты прогрессыл. Æмбырды иннæ ахсджиаг темæ уыд «Астæуккаг къæлидоры» маршруты райрæзт. Рашад Набиев бахахх кодта, зæгъгæ, 2024 азы зынгæ рæзт рабæрæг æрмæст товарты иумæйаг транзиты нæ, фæлæ контейнертæн сæхи нымæцы дæр.

«Азербайджан æмæ Гуырдзыстоны территоритыл æртыккаг бæстæтæм цы контейнертæ цыдысты, уыдоны нымæц фæфылдæр 25% бæрц». Ныхас кодтам «Астæуккаг къæлидоры» райрæзты фидæны перспективæтыл. Куыд зонут афтæмæй, Азербайджан нысаниуæгджын инвестицитæ бахаста Баку-Тбилис-Карсы æфсæнвæндаджы райрæзтмæ. Мах сифтонг кодтам, цæмæй Китайæ товартæ 12-15 боны æмгъуыдмæ Баку æмæ Кутаисы уылты бахæццæ уой нысангонд бынатмæ, ивгъуыд рæстæджы та ахæм æрвитæнтæ цыдысты 53 боны бæрц» -расидтис Азербайджаны нымæцон размæцыд æмæ транспорты министр.