Азербайджанмæ визиты фæлгæтты, Гела Геладзе йæ коллегæ Вилаят Эйвазовимæ фембæлд сарæзта
Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министр, Гела Геладзе, делегациимæ иумæ Азербайджаны республикæйы официалон визитæй уыд.
Визиты фæлгæтты министр йæ азербайджайнаг коллегæ Вилаят Эйвазовимæ фембæлд сарæзта.
Гуырдызстоны мидхъуыддæгты министрады информацийæ, фарсытæ дыууæ бæстæйы æхсæн уæвæг партнерады фæдыл барадхъахъъхæнады сферайы æмæ йæ фæарфдæр кæныны перспективæтыл фæныхас кодтой.
Министрады информацимæ гæсгæ, ныхас афтæдæр баххæссыд Цæгат Кавказы регионы æдасдзинады фарстатыл, организгонд фыдракæндты ныхмæ тох, Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны барадхъахъхъæнджыты æхсæн æмкуысткæнынад æмæ полицийы атташеты институты фæтыхджындæр кæнынмæ.
Фембæлды кæрон Гела Геладзе азербайджайнаг коллегæйæн бузныг расидтис æнтыстджын æмкуыстдзинады тыххæй æмæ йæ Гуырдзыстонмæ фæхуыдта.
Уымæй дарддæр ма, Азербайджаны Республикæмæ йæ официалон визиты фæлгæтты мидхъуыддæгты министр, делегациимæ иумæ, Азербайджаны националон лидер Гейдар Алиевы æмæ йæ цардæмбал Зарифа Алиевайы номарæн кад скодта.