Азербайджанæй, Гуырдзыстоны уылты, Европæмæ цæугæ газдадзæн байгом уыдзæн 12 июны
Турк æмæ Азербайджан, 12 июны Уæрæсейы иувæрсты, Европæмæ цæуæг газдадзæн байгом кæндзысты, кæцы уыдзæн Гуырдзыстоны уылты.
«Дойче Велле» куыд хъусын кæны афтæмæй, уый фæдыл фидиуæн сарызта Турчы энергетикæйы æмæ æрдзхъахъхъæнынады министр Берат Албайрак.
Министры ныхæстæм гæсгæ, транс-анатолиаг газдадзæны (TANAP)-ы байгомы церемонийы Турчы æмæ Азербайджаны президенттæ райсдзысты хайад. Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, газдадзæны руаджы æрдзон газæй ифтонг кæнын райдайдзæн 30-æм июны.
Уæдмæ та Азербайджаны паддзахадон нефткомпанийы хъусын кодтой, ома церемони зæгъгæ 19 июнмæ уыд плангонд
Транс-анатолиаг газдадзæны проектыл кусын 2015 азы райдыдта. Газдадзæнæй «Шахденизы» гуырæнæй æрвылазонæй 16 миллиард кубон-метр æрдзон газы экспорт сæххæст уыдзæн. Уый нымæцы 6 миллиард кубон-метр Туркмæ æмæ 10 миллиард та Европæмæ.
Фæстæдæр газдадзæнæй трансппортацигонд газы гуырахст райрæздзæн.
Транс-анатолиаг газдадзæны Гуырдзыстон-Турчы арæнæй, Турчы ныгуылæн арæны онг ацæудзæн æмæ баиу уыдзæн транс-адриатикон газдадзæнимæ, кæцы афтæдæр у «Хуссары кæлидоры» хай. Ацы къæлидоры руаджы Азербайджанæй æрдзон газы, Гуырдзыстон æмæ Туркыл ацæугæйæ райсдзæн Европæ. Къæлидоры эксплуатуимæ райст плангонд у 2020 азмæ.