Азербайджанæй, Гуырдзыстоны уылты, Европæмæ цæугæ газдадзæн байгом уыдзæн 12  июны
Азербайджанæй, Гуырдзыстоны уылты, Европæмæ цæугæ газдадзæн байгом уыдзæн 12 июны

Турк  æмæ Азербайджан, 12  июны  Уæрæсейы  иувæрсты, Европæмæ  цæуæг   газдадзæн байгом кæндзысты,  кæцы  уыдзæн Гуырдзыстоны уылты.

«Дойче Велле»   куыд хъусын кæны  афтæмæй,   уый фæдыл  фидиуæн  сарызта  Турчы   энергетикæйы æмæ   æрдзхъахъхъæнынады   министр   Берат  Албайрак.

Министры  ныхæстæм гæсгæ,   транс-анатолиаг  газдадзæны  (TANAP)-ы байгомы   церемонийы  Турчы æмæ  Азербайджаны  президенттæ   райсдзысты  хайад.  Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,   газдадзæны руаджы   æрдзон газæй  ифтонг  кæнын райдайдзæн 30-æм июны.

Уæдмæ та Азербайджаны   паддзахадон нефткомпанийы  хъусын кодтой, ома   церемони  зæгъгæ  19 июнмæ уыд плангонд

Транс-анатолиаг  газдадзæны  проектыл кусын  2015 азы райдыдта.  Газдадзæнæй  «Шахденизы» гуырæнæй æрвылазонæй  16 миллиард   кубон-метр   æрдзон газы  экспорт сæххæст уыдзæн.  Уый нымæцы   6 миллиард   кубон-метр Туркмæ  æмæ 10 миллиард та  Европæмæ.

Фæстæдæр   газдадзæнæй  трансппортацигонд   газы   гуырахст  райрæздзæн.

Транс-анатолиаг  газдадзæны  Гуырдзыстон-Турчы арæнæй,   Турчы  ныгуылæн  арæны  онг   ацæудзæн  æмæ  баиу  уыдзæн  транс-адриатикон  газдадзæнимæ, кæцы афтæдæр   у  «Хуссары кæлидоры»  хай. Ацы  къæлидоры  руаджы   Азербайджанæй   æрдзон газы, Гуырдзыстон æмæ Туркыл  ацæугæйæ райсдзæн  Европæ.  Къæлидоры    эксплуатуимæ райст  плангонд у  2020 азмæ.