Азербайджан-Гуырдзыстон-Турчы  хъахъхъæнынады  министртæ  æртæфарсон   фембæлд  ауагъдтой
Азербайджан-Гуырдзыстон-Турчы хъахъхъæнынады министртæ æртæфарсон фембæлд ауагъдтой

2024азы  Азербайджан-Гуырдзыстон-Турчы   хъахъхъæнынады   æртæфарсон   министериалæн фысым кæны  Гуырдзыстон.  Хъахъхъæнынады  министрты  фембæлд   Батумы  ацæудзæн.   Азербайджаны   Республикæйы   хъахъхъæнынады министр,  инæлар-булкъон  Закир Гасановы æмæ Турчы Республикæйы  националон  хъахъхъæнынады министр, Иашар  Гюлерæн  Гуырдзыстоны  хъахъъхæнынады   министр  Ираклий Чиковани сфысым кодта.

Коллегæтæ  регионы  æдасдзинады  уавæрыл æмæ уæвæг  расидтытыл  фæныхас кодтой. Фембæлдыл   фарсытæ  регионы   æдадсзинады æмæ стабилондзинады   сфидар кæныны  хъуыддаджы  æртæфарсон   æмгуыстады  форматы  нысаниуæг банысан кодтой.

Ираклий Чиковани ноджы иу  хатт   сбæлвырд кодта   Гуырдзыстоны цæттæдзинад   хайбавæрд скæна    Хуссар Кавказы   сабырады æмæ конструктивон æмгуыстад  баахъаз кæныны  процессы.

Фембæлдыл   фарсытæ  хъахъхъæнынады  сферæйы  цæугæ реформæтæ æмæ  фидæнон  плантыл фæуынаффæ кодтой.  Хъусдард здæхт уыдис  стратегион æмæ кусæн æмвæзыл   æмгуыстады  вæрццаг динамикæмæ.  Фæнысани,   цæмæй иумиæйаг  ахуыртæ   экспертты  æмвæзадыл   фембæлдтæ æмæ æртæфарсон  къурсытæ  ноджы  хæстæгдæр кæнынц   æфсæддон кусджыты  æмæ рæзын кæнынц сæ  æмбынатиндзинады  æмвæз.