Азербайджайнаг æмæ сомихагæвзагон «Моамбе», майы мæййæ 1TV.GE-ы æмбæлон æвзагы веб-фарсыл
Фыццаг Къаналы проект «Бирæгъуызон Гуырдзыстоны» фæлгæтты арызт азербайджайнаг æмæ сомихагæвзагон «Моамбейы» фенын, Фыццаг Къаналы веб-фарс 1TV.GE-ыл уыдзæн гæнæн майы мæййæ.
Рауагъдтæ æрвылбойнонæй, 20:00 сахатыл райдайдзысты æмæ сæм кæсджытæ, веб-фарсы æмбæлон æвзаджы фарсыл бакæсдзысты.
«Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы инициативæ нысаниуæгджын роль сæххæст кæндзæн сомихагæвзагон æмæ азербайджайнагæвзагон цæрджытæн, уымæн æмæ йæ хъуыдыйы уыдонæн æмбаргæ æвзæгтыл, бæстæйы æмæ дунейы цæугæ процессты тыххæй информаци бавдисын» – дзуры сомихагæвзагон «Моамбейы» акæнæг Нана Акопян.
Азербайджайнагæвзагон «Моамбейы» акæнæг Эмма Байрамова та дзуры, цæмæй азербайджайнаг æмæ сомихагæвзагон «Моамбейы» фæрцы, этникон къаддæрдæрты объективон ног информаци райсдзысты.
«Ацы ногдзинадæн, ноджы иу, тынг позитивон миниæг ис – этникон къаддæрдæртæм фæзындзæн æхсызгонд æнкъарæн, ома Æхсæнадон Телеуынынад уыдонæй дæр цымидис кæны æмæ уыдон дæр ацы бæстæйы æхсæнады æххæстаргъджын хай сты» – дзуры азербайджайнагæвзагон «Моамбейы» акæнæг Эмма Байрамова.