Азартон хъæзтытæн – НÆ! – Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы ног кампани - #უსაფრთხომედია (æдас медиа)
Гуырдзыстоны Фыццаг Канал, азартон хъæзтыты популяризацийы ныхмæ кампанимæ æрывнæлдта – «Азартон хъæзтытæн –Нæ!».
Гуырдзыстоны Фыццаг Канал, куыд æдас медиа, эфиры азартон хъæзтыты рекламæ 2020 азæй нал уадзы, цæй фæдыл дæр телеуынынады менеджмент 2019 азы 30 октябры официалонæй райхъусын кодта.
Æдас медийы концепци йæ хъуыдыйы дары ахæм телеэфир, кæцы ифтонг кæндзæн бинонты алы уæнгы æдас, æрмæст бæлвырд, пайдаджын æмæ хъæугæ информацийæ. Растдæр ахæм контент æнхъары Гуырдзыстоны Фыццаг Канал йæ кæсджытæн.
Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы генералон директор Васил Магълаперидзе куыд райхъусын кодта, уымæ гæсгæйæ, зæгъгæ кампани ноджы уæрæхдæр равг райсдзæн.
«Гуырдзыстоны Фыццаг Канал райдыдта социалон кампани «Азартон Хъæзтытæн- НÆ!». Уæдмæ, мах фæтобæ кодтам азартон хъæзтыты рекламæ нæ телеуынынадыл æмæ ацы скуыддзаг райстам, æхсæнады æркуырдмæ гæсгæйæ. Æхсæнад рагæй фæстæмæ тох кæны ацы рыны ныхмæ. Комкоммæ хъуамæ загъдæуа, цæмæй у рыст, кæцыйæ хъæрзы нæ бæстæ æмæ кæцы тынг бирæ проблемæтæ расайы. Архайæм, бæрæг хайбавæрд скæнын ацы æрдгæй. Хъуыды кæнæм, цæмæй æхсæнад бахъом уыдзæн проблемæйы алыварс баиу уын æмæ йæ алыг кæнын. Уый стыр ныфс нæм ис. Кампани дарддæр кæны æмæ райсдзæн ноджы стырдæр масштаб», – райхъусын кодта Васил Магълаперидзе.