Австрийы прессæйы агентад Гуырдзыстоны тыххæй стати публикаци кæны- Чысыл бæстæйы стыр тыхархайд: куыд ссис Гуырдзыстон дæнцон COVID-19-ы ныхмæ тохы
Чысыл бæстæйы стыр тыхархайд: куыд ссис Гуырдзыстон дæнцон COVID-19-ы ныхмæ тохы – ацы сæргондæй публикаци кæны Австрийы прессæйы агентад (APA) стати, кæцыйы мидæг æнæнизхъахъхъæды министры, Экатерине Тъикъарадзейы интервьюйыл æнцойæ, деталонæй кастæуынц уыцы къахдзæфтæ, кæцытæ бæстæ, пандеми бауромыны нысанæн сарызта.
Статийы мидæг бахахх кодтой, цæмæй Гуырдзыстоны æнæ æрмæст афоныл йæ зæрдыл бадардта æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийы рекомендацитæ, фæлæ ма вирусы ныхмæ тохы сæрмагонд стратегий бакуыста, кæцы нысаниуæгджын разынд бæстæйы масштабæй вирусы апарахат фæкъаддæр кæнынæн.
«Январы райдайæны оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритæй лигъдæтты, куысты, æнæниздзинад æмæ социалон хъахъхъæды министрады æрдгæй арызт æрцыд конкретон къахдзæфтæ гæнæн эпидемийы бауромыны æмæ йæ контрол кæныны нысанæн. Аэропортты æмæ æндæр сурзæххон арæнтыл райдыдта информацион камапани. Бæлццæттæ бæстæмæ æрбацыдæй уайтагъд истой информаци, куыд архайын хъуыдис вирусы æнгæсмæ симптомты фæбæрæгы цауы. Тагъд арæнтыл райдыдта термоскриниг дæр. Уымæй дарддæр ма, рискъы бæстæтæй æрцæугæ бæлццæтты цæст бадарыны нысанæн комкоммæ карантины зонæтæм ластой», – банысангонд у статийы.
Рауагъдад хахх кæны, цæмæй Гуырдзыстон вирусы ныхмæ тохы нысанæн, алы хъæугæ ресурсæй спайда кодта æмæ уымæй уæлдай, COVID-19-ы апарахт маруадзыны нысанæй, специалон аппликаци Stop COVID æрфидар кодта, кæцы цæрджытæн фæрынчынуæвæг адæймагимæ гæнæн контакты фæдыл информаци дæтты.
«Нырма нæй æнхъæлц, цæмæй ног коронавирус Гуырдзыстоны, кæнæ æндæр бæстæты бынтон фæтар уыдзæн. Уый тыххæй дæр нысаниуæгджын у, алкæцы паддзахад æмæ æмбæстагдæр сахуыр уæм ацы вирусимæ цæрын, цæмæй ацы процесс вакцинæйы æмæ фылдæр эффективон хос кæныны æрфидары онг раст контрол кæнæмæ æмæ уа æдас», – банысан кодта Экатерине Тъикъарадзе рауагъдадимæ интервьюйы.
Статийы кæрон, дзырдæуы, цæмæй «цырд æмæ эффективон къахдзæфтæ пандемиимæ тохы Гуырдзыстоны скодтой иуæй-иу дæнцон бæстæйæ, кæцы цæстæйнуыгæ скодта уый æмæ кризисон уавæры æнææрмæст бæстæйы ресурс у нысаниуæгджын, фæлæ ма йæ эффективон æмæ афоныл менеджмент».