Австри рамбылдта Евроуынынад 2025
Австри рамбылдта Евроуынынад 2025

Евроуынынады зарæджы конкурсы уæлахиздзау ссис 25 аздзыд JJ Австрийæ, зарæг Wasted Love. Райста 436 баллы. Уымæ гæсгæ Евроуынынады радон фысым бæстæ уыдзæн Австри.
Сеппæтæй бæрзонддæр жюрийы рейтинг Гуырдзыстонæй – 12 балл – райста Итали.
26 бæстæйы равдыстой сæхи Евроуынынады 2025-æм азы финалы: Норвеги, Люксембург, Эстони, Израиль, Литва, Испани, Украинæ, Стыр Британи, Австри, Исланди, Латви, Нидерландтæ, Финлянди, Итали, Польшæ, Герман, Греци, Армени, Швейцари, Мальта, Португали, Дани, Дани æмæ Албани.
Мариам Шенгелия Гуырдзыстоны номæй Евроуынынады 2025-æм азы зарæг «Сæрибардзинад»-æй  æвдыста.
Евроуынынады 69-æм зарæджы конкурс Швейцарийы горæт Базелы уыд уагъд.
Гуырдзыстоны  Фыццаг Къанал  телекæсджытæн  Евроуынынады  зарæджы конкурсы  комкоммæ трансляци  бавдыста.