Августы хæсты 10 азы сæрмæ гæсгæ, Гуырдзыстонмæ æрцæудзысты Лиетувæйы, Латвийы æмæ Польшæйы фæсарæн хъуыддæгты министртæ
6 августы Гуырдзыстонмæ æрцæудзысты Лиетувайы, Латвийы æмæ Польшæйы фæсарæн хъуыддæгты министртæ.
Фыццаг Къаналы информацийæ, европагдипломаттæй дарддæр ма, Тбилисмæ 6 августы æрцæудзæн Украинæйы вице-премьер Павло Розенко.
Фыццаг Къаналимæ эксклюзивон интервьюйы Лиетувæйы фæсарæн хъуыддæгты министр Линас Линкявичус фидæн къуыримæ плангонд фембæлдтыл ныхас кæны æмæ дзуры, ома лиетувæйы, Латвийы æмæ Польшæйы фæсарæн хъуыддæгты министрдаты къухдариуæггæнджыты визит, гуырдзиаг адæмы æрдæм солидарондзинады, фарсмæлæуды равдыст у æмæ уый амоны, цæмæй партнертæ Гуырдзыстоны агрессоримæ ныхæй ныхмæ никуы фæуадзысты.Дипломатты визит сплан кодтой августы хæсты 10 азы сæрмæ гæсгæ.
«Ахицæн кодтам Гуырдзыстонмæ æрцæуын æмæ ацы иумæйаг визиты сæйраг æрвитæггаг у солидарондзинад.
10 азы рацыд иттæг риссаг бонтæй æмæ нæ фæнды, солидарондзинад равдисын гуырдзиаг адæмы æрдæм. Хъуыды кæнæм, уый иттæг нысаниуæгджын у Гуырдзыстонæн æмæ афтæдæр нысаниуæгджын у махæн. Гуырдзыстоны территорийы 20% оккупацигонд сты, кæцы уый нысан кæны цæмæй азты дæргъы реалонæй ницы ивы. Бæрæг у дæргъвæтин оккупаци æмæ агрессор тæссаг къахдзæфтæ аразы æндæр регионты дæр. Украинæйы территори оккупацигонд у æмæ Молдовæйы та нын ис салд конфликт.
Дарддæр кæнæм Гуырдзыстоны территоритон æнæхъæндзинадæн æнцой дарын æмæ æнæбанымады политикæ, фæлæ æнæбанымады политикæ хъуамæ баххæст уа уæлæмхас бындурон элементтæй. Ацы политикæйæн хъуамæ уа финансон, дипломативон, барадон фæстиуджытæ æмæ мах цæттæ стæм, уый фæдыл рахъусын кæнын. Афæтæдæр цæттæ стæм, ардæм æрцæуынæ æмæ зæгъын цæмæй æнæ æрмæст уæ фарсмæ лæууæм оккупацийы иттæг уæззау фæстиуджытæн бахъом уыны хъуыддаджы, фæлæ ма разы стæм, цыт йын кæнæм æмæ æнцой дарæм уæ евро-атлантикон тырнынадæн»- райхъусын кодта Линас Линкявичус.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый у процесс, æмæ йын зæгъгæ хъæуы рæстæг, тыхархайд, мотиваци æмæ быхсæн.
«Ай рæувадат фæндаг нæу, фæлæ у уыцы фæндаг, кæцыйы гуырдзиаг адæмы фылдæр сывзæрстой. Ацы фæндагыл Гуырдзыстоны фæцæуы йæ хæлæрттимæ иумæ. Мах иу бал стæм æмæ уый тыххæй Гуырдзыстонмæ визиты рæстæджы ноджы иу хатт хъæрæй зæгъдзыстæм. Ацы визит солидарондзинадимæ æмæ фарсхæцынадимæ иумæ ма сæрмагондæй ахсджиаг у. Фæнды нæ алкæмæн бакой кæнæм, цæмæй цы æрцыд, куыд æрцыд, цы фæстиуджытæ ис, цы фæлтæрддзинад у уый махæн æмæ цавæр зондамонæн.
Архæ иу фæзæгъын, цæмæй нæ уроктæ нæ сахуыр кодтам. Ерын ныхас кæнæм ацæугæ 10 азыл, Уæрæсейы æнæ иу агрессивон къахдзæфыл æмæ сæ превенийы æмæ бауромыны амæлттыл. Солидарондзинад, фарсхæцынад æмæ алкæмæн трагикон бонты тыххæй бакой кæнын – уый у нæ иумæйаг визиты сæйраг нысан æмæ æрвитæггаг.
Агрессивон политикæйы бынат 21-æм æнусы нæй æмæ цивилизацигонд дуне уыйимæ ныкуы бафидаудзæн. Мах, арæнты тыхон архæйдтæй фæивын фауæм, аразæм фидиуæнтæ, фæлæ нæ цард дарддæр кæнæм. Уойæ, цард дарддæр кæны,ф æлæ агрессоримæ ахастытæ ма хъуамæ уа æмæ нæдæр уыдзæн ахæм, цахæмдæр уыдис, сыхаг паддзахады территоритон æнæхъæндзинад фехалыны æмæ бафхæрыны онг.
Нæ рард у, тынг дырысæй декларир скæнын уый, цæмæй цы ерын цы уавæр ис уый æххæссы æнæ æрмæст Гуырдзыстонмæ. Гуырдзыстоны æмбæстæгты дæр фæнды, кæддæриддæр зоной æмæ рахатой иунæг кæй не сты уый. Гуырдзыстон иунæг нæу – æмæ уый у факт!» райхъусын кодта Линас Линкявичус.