Авд бæстæйы парламенты сæрдæрттæ  Шалва Папуашвилимæ фыстæг  æрвитынц
Авд бæстæйы парламенты сæрдæрттæ Шалва Папуашвилимæ фыстæг æрвитынц

Чехийы, Эстонийы, Францы, Латвийы, Лиетувæйы, Нидерландты æмæ  Польшæйы закъондæттæг оргæнты  сæрдæрттæ, Гуырдзыстоны  парламенты сæрдар Шалва Папуашвилимæ сидынц, «фæсарæйна æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъоны тыххæй  иумæйаг фыстæгæй.

«Зынаргъ коллегæ,  сидæм уæм, куыд  Гуырдыстоны партнертæ, хæлæрттæ æмæ Гуырдзыстоны европаг  тырнынадты хъæддых  фарсхæцджытæ.

Мах Гуырдзыстоны  фарсмæ  уыдыстæм уæ  евроинтеграцийы  прорессы   алы къахдзæфы рæстæджы. Федтам  политикон  трансформаци æмæ егъау тыхархайд, кæцыйы сымах нывæрдтат  реформæты прогрессы раззаг  азты.  Сымах алыг кодтат фæндаг æмæ равдыстат  дæнц æндæр аспиранттæн. Мах уæ фарс хæцыдыстæм хъалæй, æмæ цæттæ стæм, адарддæр кæнæм  алы  хъæугæ æххуыс, кæцы уæ бахъæудзæнис ацы  фæндаг адарддæр кæнынæн.

Гуырдзыстоны  Европаг уырнынадтæ æмæ  тыхархайд, рæстагæй  уыд  нымад æмæ хорзæхджынгонд  Еврцæдисы уæнг  бæстæтæй.   Амæйразмæ Гуырзыстонмæ лæвæрд уыд  фадат  уагсуæвыны бадзырдтæ райдаынæн.

Мах банысан кæнæм æнтыст сымахмæ иумæ. Æцæгæй   аргъ кæнæм нæ  патнерадæн æмæ кæрæдзийæн цыты  тыхæн, кæцыйы  иумæ самадтам  азты дæргъы. Уый нын дæтты фадат, уа нын  æргомзæрдæ диалог  ахæм фарстатыл дæр, кæцытыл кæрæдзиимæ нæ фидауæм. Уымæн æмæ   сегасдæр нысаниуæгжын фарстатыл, хæзнаты æмæ принципты фарстаты, кæддæриддæр  иууон æмæ хъæддыхæй иузæрдыг уыдыстæм.

Гуырдзыстоны  райст фæстагрæстæгон уынаффææ, махæн  мæтæфатуæг сты, уымæн æмæ уæ архæйдтытæ  йæ ныхмæ сты  уыцы хæзнатæн æмæ прициптæн, кæцытæй сымах стутс  хæсджын къухдариуæг кæнат  æмæ  кæцытæ уæ европаг тырнынады бындур сты.

Гуырдзыстоны парламенты ист, «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзиады фæдыл» закъонопроекты  мидис иумæнæбадгæ у европаг  нормæтимæ æмæ хæзнатимæ. Уæвæг  закъон, архайы  бамынæг кæна  медиа æмæ æмбæстагон дзыллæйы  организацитæ, кæцытæ нысаниуæгджын рол æххæст кæнынц  демократон дзыллæйы æмæ æххуыс  кæнынц Гуырдзыстоны  Евроцæдисмæ  фæндагæн.

Сидæм уæм,  аиват ацы закъон æмæ баиу уат   мидисон æмæ инклюзивон  диалогмæ организацигонд æмбæстагон дзыллæимæ æмæ æмбæстæгтимæ.   Махуæм  афтæдæр сидæм, сцыт кæнат   фундаментон хæзнатæн  адæмы æмбырды  бар хъахъхæнгæйæ æмæ  бауромат тыхмидзинад сабыр демонстранттыл æмæ сæ тæрын кæнын.

Уынаффæ  Евроцæдисы уæнгсуæвыны фæдыл  у  Гуырдзыстоны æмæ йæ адæмы  суверенон æвзæрст, куыд  уыдис махæн, чидæриддæр Евроцæдисмæ 20 азы размæ баиу стæм. Ацы фæндаг нæдæр гарантиргонд уыдис æмæ нæдæр æнцон.  Уый гæнæн скодта хæлæртты æнæцудгæ иузæрдыгдзинад æмæ фарсдарын.

20 азы фæстæ Гуырдзыстон дæр раст уыцы фæндагыл лæууы.  Мах уын стæм  хæлæрттæ.  Мах æцæгдæр ныфс дарæм, цæмæй Гуырдзыстон нæ сахыздзæн йæ хæстæй,  спайда кæна  фадæтты историон   рудзынгæй гуырдзиаг адæмы сабырады æмæ фарны, афтæма  сæрибардзинæдты æмæ хæзнаы иумæйаг тыгъдадмæ æрбакæнынæн.

Уырны нæ Гуырдзыстоны Европаг фидæны æмæ цæттæ стæм баххуыс уын кæнæм», –  банысангонд у  фыстæджы.

Фыстæгыл къух фыссынц: Чехийы  парламенты сенаты сæрдар, Чехийы  парламенты  сæрдар,  Эстонийы парламенты сæрдар, Францы  националон ассамблейы  сæрдар, Латвийы Сеймы  сæрдар, Лиетувæйы Сеймы спикер, Нидерландты минæвæртты палатæйы  сæрдар, Польшæйы  Сенаты  сæрдар æмæ Польшæйы Сеймы сæрдар.