Арызт æрцыд платформæ Covidpass.moh.gov.ge, кæцыйы гæнæн ис ковид-статусы фæдыл информацирайсын
Коронавирусы ахæлиу маруадзыны æмæ æмбæстæгты æдасдзинад ситфонг кæныны нысанæн æнæнизхъахъæды министрад ковид-пропускы онлайн платформæ сарызта.
Платформæйы фæрцы, куыд Гуырдзыстоны, афтæ фæсарæйнаг æмбæстагы ковид-статусы фæдыл информаци райсын уыдзæн гæнæн. Бизнесоператортæ растдæр ацы аппликацийæ къухдариуæг кæндзысты. Сæрмагондæй та, ковид-пропускæй компанитæ сæ территоримæ бацæуын кæй фæнды уыцы визиторты ковид-статус сбæрæг кæндзысты.
Фæллойады инспекцийы хъусинагæй, платформæйæ , иу æрдгæй, фæлхасгæнæг йæхицæн фæндон сервисы фæхæст уыдзæн вирусы ахæлиуæй æдас уавæрты. Иннæ рдгæй та, эпидемиологионæй æдас тыгъдад, фæллойгæнджыты æнæниздзинад хъахъхъæды фылдæр гаранти дæтты. А.х. цъæх зонæты арызт, фæстагмæ, бизнес-секторы æнæфæцудгæ экономикон активондзинадæн ахъаз уыдзæн. Ковид-пропускы аппликацийы æнтыстджынæй æрфидар кæныны фæстæ, гæнæн ис, специалонæй ацы сегментæн бонвæткы регуляцитæ дæр фенцондæр уа. Платформæ æхсæнадон æнæниздзинад хъахъхъæнынады нысанæн уыд арызт æмæ бизнесы æндæр æмæ æндæр сектормæ этапгай бавдыст уыдзæн. Бизнес-операторты рдгæй ковид-пропускы аппликацийæ фæлхасад рекомендацион равг хæссы.
Статусы рабæлвырд кæнын ацы хатт æрмæст веб-фарс covidpass.moh.gov.ge -л ис гæнæн, æввахс фидæны та, мобилон аппликаци уыдзæн рæувадат.