Арчил Талакъвадзе, Венецийы комиссимæ басидтис партиты финансдзинады æмæ регистрацийы аивды фæдыл закъондæттæн ивддзинæдты проектæн аргъ скæнынын куырдиатæй
Гуырдзыстоны парламенты сæрдар, Арчил Талаквадзе Венецийы комиссимæ басидтис партиты финансдзинады æмæ регистрацийы аивды фæдыл закъондæттæн ивддзинæдты проектæн аргъ скæнынын куырдиатæй.
Уый фæдыл Венецийы комисси социалон хызаг «Твиттеры» публикацигонд фидиуæны мидæг банысан кодта.
«Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Венецийы комиссийæ дыууæ хъуыды ракуырдта ахæм фарстæты фæдыл: Æвзарæнон кодексы, æмбæстæгты политикон иугонды фæдыл органон законы æмæ парламенты регламент бараст кæныны проект; æвзарæнон кодексы 791-æм статийы проект (партийы регистрацийы аивд)» – дзырдæуы Венецийы комиссийы фидиуæны.
Парламентон фылдæрты лидер Ираклий Къобахидзе ивгхуыд азы кæрон рацыд инициативæйæ, цæмæй партиты финансдзинады уагимæ æмæ партийæн æвзарæнон регистрацийы аивдимæ баст законопроектты дыккаг æркаст, OSCE/ODIHR-ы кæнæ Венецийы комиссийы хатдзæгты фæстæ адарддæр уа.