Арчил Талакъвадзе – Рекъявикы саммитимæ баст резолюцийы проектмæ бацыд ивд, ома Уæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстоны территориты оккупаци у æхсæнадæмон барады саст
Европæйы Совет парламентон ассамблейы политикон комитет нæ делегацийы инициргонд ивындзинад æркастис, – уый фæдыл парламентон фылдæрты уæнг Арчил Талакъвадзе фехуъсын кодта.
Талакъвадзе куыд банысан кодта, афтæмæй, Рекьявикы саммитимæ баст резолюцийыпроектмæ хаст уыд ивддзинад, кæцыйæ фыццаг параграфмæ бафтыдтой текст Гуырдзыстоны фæдыл, кæцыйы мидæг дзырдæуы, цæмæй Уæрæсейы сæххæст агресси æмæ Гуырдзыстоны территориты оккупаци у æхсæнадæмон барады принципты гуырымыхъхъ саст.
«Резолюцийы проекты афтæдæр дзырдæуы, ома Уæрæсе хъуамæ ракæна йæ æфсæддæ Гуырдзыстоны территоритæй. Резолюци нырид хаст уыдзæн пленарон сесси рабадтмæ æмæ хъæлæскæныны фæстиуæгæн кæронбæттæн верси сфидар уыдзæн, нысаниуæгджын у, цæмæй политикон комитет сразы ис нæ инициргонд ацы ивддзинадимæ. Рекъявикы саммиты резолюцимæ гæсгæ Гуырдзыстоны тыххæй бирæ ран куы ис дзырд иттæг нысаниуæгджын у, уымæн æмæ ацы саммит йæхæдæг уыд нывонд æмæ ориентиргонд у Европæйы колнсолидацидзинадмæ, Европæ баиу кæнынмæ уыцы æртъхъирæнты ныхмæ, кæцыæ абон ис континентыл. Уымæ æмбæлгæйæ дæр Гуырдзыстоны фарстайы уæлæмæ схæцын боны фæткы, цæй зæгъын æй хъæуы, нæ бæстæйæн иттæг нысаниуæгджын у. Нæ партнертимæ иумæ алцыппæт сарызтам, цæмæй Гуырдзыстоны фæдыл темæтæ уыдаиккой максималонæй æвдыст резолюцийы тексты, ацы проект сбæлвырд кæнынмæ хаст уыдзæн пленарон сессимæ», – райхъусын кодта Талакъвадзе.