Арчил Талакъвадзе – премьер-министртæм кандидатурæмæ гæсгæ, партийы мидпартион консультацитæ райдыдтой, уый нымæцы кастæуы Мамука Бахтадзейы кандидатурæ дæр
Премьер-министртæм кандидатурæмæ гæсгæ, не хсæн консультацитæ ныридæгæн райдыдтой, уый гнымæцы ма кастæуы Мамука Бахтадзейы кандидатурæ дæр – уый фæдыл парламентон фылдæрты лидер, Арчил Талакъвадзе, «ГуырдзиаГ Бæллиццы» офисы цур фехъусын кодта журналисттæн.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, сæйраг критеритæ зæгъгæ сты, цæмæй премьер-министрмæ уа экономикон ахуырад, экономикæйы къабазы куыстæй уа фæлтæрд, афтæма бавдиса архайадон план специалон фарстыты æрдæм.
«Абон райдайæм премьер-министртæм кандидатурæйы æмæ хицауадон ивдтыты кæсын, кæцы æрцæдзæн парламентон фылдæрты форматы. Канидадутæрæмæ гæсгæ партийы мидкуонсультацитæ цæуынц, сæ нымæцы кастæуы Мамука Бахтадзейы кандидатурæ. Цалдæр кæндидатурæйыл цæуы ныхас, махæн сæйраг домæнтæ сты уый æмæ премьер-министр уа экономикæйæ ахуыргонд, экономикæйы къабазы куыстæй фæлтæрд уа, афтæма бавдиса архайадон план уыцы æрдæм, кæцы æххæссы социалон фарстатæм, уыцы фæстиуджытæм, кæцы фæстаг периоды фæбæрæг сты.
Фарстыл – кастæуы æви нæ Бидзина Иванишвилийы кандидатурæ, Талакъвадзе дзуапп дæтты : «Ай уыд президенты æнхъæлц, фæлæ ацы цауы дæр йæ политикъон прогноз нæ фæраст ис».
Цыдæриддæр та хицауадон къордмæ æххæссы, парламентон фылдæрты лидеры дзырдæй, сæйраг у премьер-министры кандидатурæйыл бантыса æрныхас кæнын æмæ хицауадон балы ивдыл уынаффæ та уый фæстæ райдайдзæн.
«Гуырдзиаг Бæллиццы» централон офисы, фылдæрты ауæрæхгонд рабадт цæуы уагъд, кæцыйыл фæуынаффæ кæндзысты премьер-министртæ кандидатурæтыл.