Арчил Талакъвадзе – оппозицийæн фæстæмæ здахын лыг рæхыс æмæ гуыдыр, кæцы символонæй сæ аргъдзинæдтæ æвдисы
Гуырдзыстоны парламенты сæрдар, Арчил Талакъвадзе, парламенты бюройы рабадтыл, оппозицийы минæвæрттæн символонæй гуыдыр æрыздахта.
Арчил Талакъвадзе куыд банысан кодта афтæмæй, гуыдыр у зæгъгæ символ, кæцы æвдисы оппозицийы ахаст æмæ аргъдзинæдтæ æмбæстæгты æмæ паддзахады æрдæм.
«Парламентон оппозицийы хай, комкоммæ эфиры гуыдыр сæвæрдта парламенты дæрттыл. Фæнды мæ дзыллæйæн бакой кæнон, чи сты ацы адæймæгтæ – адон сты уыцы гоймæгтæ, кæцытæ сæ афоныл, гуыдыр сывæрдтой адæймаджы бартыл, медийыл, сæрмæмулкъыл, институттыл, бæстæйы сæрибардзинады идеяйыл. Алцыппæт ай уыдон монополизацигонд медийы фæрцы дзыллæйы уырнын кодтой, цæвиттон ай уыд сæрибардзинад, ай уыд демократи. Уыдон абон дæр афтæ архайынц, цæмæй гуыдыр сæвæрдаиккой Гуырдзыстоны парламентыл. Уый тыххæй мæ фæнды мысынæн баздахон сын сæ гуыдыр æмæ скъуыд рæхыс, кæцы символонæй æвдисынц сæ ахаст аргъдзинæдтæм, æмбæстæгтæм æмæ паддзахадмæ»,- райхъусын кодта Арчил Талакъвадзе.