Бюройы  рабадтыл   9 декабры  оппозицийы бакуыст æвзарæнон  ивдтыты а.х. «немыцаг модел»  рахысдзысты кæсынмæ
Бюройы рабадтыл 9 декабры оппозицийы бакуыст æвзарæнон ивдтыты а.х. «немыцаг модел» рахысдзысты кæсынмæ

Парламенты  бюройы   райсомы рабадтыл   иугонд оппозицийы   бакуыст   æвзарæнон  ивдытыты а.х.  «Немыцаг моделы»  рахæсдзысты кæсынмæ.

Ивдытыты   автор   сты 30 политикъон парти,  инициатортæ та «Националон Змæлды» æмæ «Европаг Гуырдзыстоны»  уæнгтæ.    Ивдтытæм гæсгæйæ,  2020 азы парламентон æвзæрстытæм,    æмхæццæ   æвзарæнон  системæйы  фæлгæтты  мандатты  райуæрсты  æгъдау  цæуы  ивд.  Сæрмагондæй та,  проектмæ гæсгæйæ,   æвзæрстыты  хайадисæг   уыцы  партийы/æвзарæнон блокъы  сæрмгаонд мандатты  нымæц, кæцы  ахызтис  3%  арæныл,  фæбæрæг ис   150 ( парламенты уæнгты  æххæст нымæцы)  уый йас  процентæй, хъæлæсты цас  процент дæр райста  парти/æвзарæнон блокъ пропорцион æвзарæнон  системæйæ.

«Уымæ æмбæлгæйæ дæр партийы/æвзарæнон блокъы   мажоритар кандидатты райсгæ мандатты  нымæц,  партион номхыгъдæй   баххæст уыдзæн   уæлдæрбанысангонд  сæрмагонд мандатты   нымæцы онг, æрмæст кæд партийы/æвзарæнон блокъы    мажоритар   кандидатты райсгæ   мандатты  нымæц  æмбæрц у  кæнæ уæлдай у   йæ  сæрмагонд  мандатты нымæцæй,  партион   номхыгъдæй  уымæ  иунæг мандат дæр не рцæудзæн лæвæрд» -банысангонд у  проекты.

Афтæма  закъонопроектæй   мажоритарон æвзæрстытæ   уагъд цæуынц    иумандатон  æвзарæнон бæстæты  нæ фæлæ,  10  бирæмандатон æвзарæнон бæстæты дæр.

«Æвзæрстгæнæг  йæ  фыццаг хъæлæс   дæтты  бирмандатон  æвзаæнон бæстæы  бавдыст иу  кандидатæн, æрмæст  дыккаг  хъæлæс та –  иу   парти/æвзарæнон блокъæн.  Иумандатон   бæстæйæ æвзæрст æрцæудзæн   парламенты уый йас  уæнг,   цалмандатджын дæр у  фæнысангонд  бæстæ   æмæ æвзæрстыл нымад æрцæудзысты уыцы  кандидаттæ,   кæцытæ  æндæртæй  фылдæр  хъæлæстæ райсдзысты» – дзырдæуы  проекты.