Арчил Талакъвадзе - Æвзæрстыты  датæ, 31 октябр йæ тыхы ис æмæ  максималонæй бацархайдзыстæм цæмæй   гæнæн бауа  æвзарæнон кампани  ауадзын
Арчил Талакъвадзе - Æвзæрстыты датæ, 31 октябр йæ тыхы ис æмæ максималонæй бацархайдзыстæм цæмæй гæнæн бауа æвзарæнон кампани ауадзын

Æвзæрстыты  датæ йæ тыхы ис æмæ  максималонæй бацархайдзыстæм цæмæй   гæнæн бауа  æвзарæнон кампани  ауадзын –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны парламенты сæрдар,  Арчил Талакъвадзе  парламенты уæлрадон рабадтыл райхъусын кодта.   Рабадтыл  кæсынц  конституцион ивддзинæдтæ.

Талакъвадзе  куыд банысан кодта уымæ гæсгæ,    конституцийы  раззаг редакци  хицауадæн дæтта фадати  æвзæрстыты датæмæ гæсгæ маневртæ кæнын, фæлæ   абон ахæм фадат нал ис. Йæ ныхæстæм æгсгæ,   конкретон  датæ  фыст ис    цы редаки райстой уый мидæг æмæ æмæ уый у  октябры  фæстаг  хуыцаубон.

Уымæ гæсгæ дæр,  Талакъвадзейы  фидиуæнæй,   æвзæрстыты датæ  фиксиргонд у  конституцийы  мидæг æмæ  хауы  октябры 31-мæ.

Афтæмæ йæ ныхæстæм гæсгæ,   зæгъгæ Гуырдзыстон  партнертæн сбæлвырд кæндзæн, цæмæй дарддæр кæны  демократи тынг кæнын.

«Цæй зæгъын æй хъæуы  срæвдз кæндзыстæм, сæрибар æмæ  рухсдзыд   æвзæрстытæ  ауадзын.  Фæлхатгæ дзурын, уый у  фадат  Гуырдзыстоны демократийы  фæтынгдæр кæнынæн  æмæ не мбæстæгтæн, нæ партнертæн сбæлвырд кæндзыстæм, цæмæй   Гуырдзыстон дарддæр кæны   демократийы  фидар кæнын æмæ  демократийы тынг кæнын.

Ноджы уæм иу хатт сидын алкæмæ,  цæмæй  сразы уат  конституцион ивддзинæдтимæ, кæцы   æвзарæнон системæ  раивынимæ у баст.  Уымæй  райсдзыстæм   пропорционмæ максималонæй   хæстæг  системæ, кæцы нын  баххуыс уыдзæн   стабилон   хъуыддагджын   политикон системæ æрфидар кæныны» –   райхъусын кодта Арчил Талакъвадзе.