Арчил Талаквадзе – Æхсæнадæмон цæстдарæг миссимæ сидын, Майя Отинашвилийы æнхъæлцау  нады  факты фæдыл рабæлвырд кæнæнт
Арчил Талаквадзе – Æхсæнадæмон цæстдарæг миссимæ сидын, Майя Отинашвилийы æнхъæлцау нады факты фæдыл рабæлвырд кæнæнт

Парламентон фылдæрты  лидер  АРчил Талакъвадзе  Уырысаг æфсæддæтты  ахст Майя Отинашвилийы  гæнæн  нады  факты тыххæй  æхсæнадæмон   цæстдарджытæм басидтис æмæ   йæ æнæаргъæвгæйæ   рабæрæг кæнын домы.

«Омбудсмен  нын фехъусын кодта  тынг  мæстиаг хабар, цæмæй  зæгъгæ  гæнæн ис   Майя Отинашвилийы  æрдæм  æнæмбæлон   ахаст  сæххæст,  уый æнхъæлцау  фыднад  у  зæгъгæ. Уый тыххæй  сидæм цæстдарæг   миссимæ, афтæдæр   хæдбар цæтсдарджытæм,  рбæлвырд кæной  фæнысангонд информаци  æмæ   срæвдз кæной  Майя Отинашвилийы  æдасдзинады  хъахъхъæд» – райхъусын кодта Арчил Талаквадзе.

Уыйимæ иумæ, фылдæрты лидер  дзуры,  цæмæй фактыл  æххæст  бæрн   æвæрд цæуы Уæрæсейы Федерацийыл, Гуырдзыстоны хицауад та  активон  режимæй  дарддæр кæныкусын, цæмæй  Майя  ОТинашвили, йæ бинонтæм æдасæй  æмæ куыд гæнæн ис афтæ тагъд æрызхдæха.

Арчил Талаквадзе  уырыссаг æфсæддæтты  ахст  Майя Отинашшвилийы  гæнæн нады фактмæ  гæсгæ,   æхсæнадæмон   цæстадрæг  мисситæм æрсидтис æнæаргъæвгæйæ  рабæлвырд кæной информаци æмæ  равдисой   æмбæлон реагирдзинад.

Гуырдзыстоны адæмон хъахъхъæнæг  Нино Ломджариа «Фейсбукы»  ныффыста, цæмæй  зæгъгæ  бинонты информацийæ,  уырыссаг æфсæддæтты ахст Майя  ОТинашвилийы  фыднад скодтой.

Уырыссаг æфсæддæттæ  оккупацион  хахы цур  Гуры районы  Хурвалеты  хъæуы  цæрæг   37 аздзыд сылгоймагы  29  сентябры аскъæфтой.  Цхинвалæй  райсгæ фæстаг информацийæ, Майя Отинашвилийæн,  10 бонон а.х.  развæлгъау  ахст  стæрхон кодтой.