Арæйнон пъæлицæйы тæхджтæ ног ирвæзынгæнæн хæрдмæтæхæг Германийæ Гуырдзыстонмæ æрластой [видео]

Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады арæйнон пъæлицæйы  нырыккон,  ног  европаг  типы « Н145» хæрдмæтæхæг ныридæгæн Гуырдзыстоны ис.

Арæйнон пъæлицæйы  специалон  нысаниуæгы  авиацийы  департаменты  тæхджытæ  хæрдмæтæхæг  Германийæ  Гæластой Гуырдзыстонмæ.

Ног борт æххæстæй  комплектгонд у  зынгсирвæзтимæ тохы æмæ   хæххон-ирвæзынгæнæн   ифтонггæрзтæй.

Ирвæзынгæнæн хæрдмæтæхæгæн ис дыууæ  змæлынгæнæг, кæцы  раæзын кæны  тахты æдасдзинад, афтæма, хъауджы,  fenestron-ы  типы  здахæг механизм. Уый фæхуыздæргонд у куыд   аэродинамикон, афтæ тæхыны   æдасдзинады  цæстæнгасæй.

Фæнысангонд типы  хæрдмæтæхджытæ  бæрзонд оперирдзинады æмæ маневрты фадæттæ  хицæн кæнынц, кæцы  Гуырдзыстоны  хохджын рельефы уавæрты,  уæвæг   рардтимæ  æххæстæй æмбынатин у.

Арæйнон пъæлицæйы специалон   нысаниуæгы   авиацийы департаменты  тæхджытæ  æмæ бортхтехниктæ   теорион æмæ практикон  бацæттæйы курс Германийы «Airbus Helicopters»-ы  ахуырадон   академийы ацыдысты.

Нырыккон  европаг типы «Н 145» хæрдмæтæхæг, францаг компани   Airbus Helicopters-ы уагъд   иуæй-иу сегсдæр  ног модел у, кæцыйы  ралæвæрд   Германийы Airbus Helicopters-ы кондады  сыххæст ис.

Фæдылдзог дыууæ борты ралæвæрд гуырдзиаг фарсæн, 2024 азы  июны онг план кæны.