Аппликаци  «Georgia e-health»-æй пайда кæнын гæнæн ис Евроцæдисы  +25 бæстæйы
Аппликаци «Georgia e-health»-æй пайда кæнын гæнæн ис Евроцæдисы +25 бæстæйы

 

Адæймаг «Georgia e-health»-ы йæхи регистрацийы  куы ауадзы,  уæд йæ бон у  ацы уæлæмхасæнæй  спайда кæнын   Евроцæдисы  25 бæстæйы, цы ран  ацы  иумæйаг  системæ  архайы, –  уый фæдыл æхсæнуагдонон  координацион советы  операцион штабы  хистæр, Гиорги Гъибрадзе  райхъусын кодта.

Гъибрадзейы дзырдæй,  зæгъгæ йæ тыхы  ис æмæ  архайы  юстицийы  хæдзары  мыхуыргонд «Ковид-19»-ы  картæ, кæцы  ивы  «Georgia e-health»-ы  уæлæмхасæн  æмæ  уый у  йæ мыхуыр формæ.

Операцион штабы хистæр  куыд банысан кодта афтæмæй,  «CovidPass Georgia»-йæ  пайда кæнынц  æрмæст Гуырдзыстоны.

«Ныр та  «CovidPass Georgia»-ы тыххæй куы зæгъæм, уæд  уымæй  пайда кæнын гæнæн ис æрмæст гуырдзыстоны æмæ  йын ис  дыууæ нысаниуæг – фыццаг у уый мæ   нæхи статус сбæрæг кæнæм  æмæ фенæм,  дыккаг  та  йæ мидæг уæвæг   сканер, кæцыйæ аппликаци  адæймагы статусы  идентификаци кæны.

Ацы аппликацийæ архайын гæнæн ис афтæдæр, кæд фæсарæнтæй  æрцыди адæймаг æмæ  нæу евроцæдисы  иугонд тыгъдады уæнг.  Арæныл фиксир кæны йæ  статус, кæцыйæ пайда кæндзæн Гуырдзыстоны.

Аппликаци  кæмæ нæй  уыдонæн сæ бон у  спайда кæнын Гуырдзыстоны  мыхуыргонд  кæцыфæнды  документ,  кæцыйæн ис  «QR» кæнæ «Bar» код», –  райхъусын кодта Гиорги Гъибрадзе.