Антониу Гуттереш Ираклий Къобахидзейæн премьеры постыл снысаны фæдыл арфæ кæны – Гуырдзыстонæн йæ бон у, ИНО-йы  фарсхæцыны æмæ æмгуыстады ныфс йæм уæд
Антониу Гуттереш Ираклий Къобахидзейæн премьеры постыл снысаны фæдыл арфæ кæны – Гуырдзыстонæн йæ бон у, ИНО-йы фарсхæцыны æмæ æмгуыстады ныфс йæм уæд

ИНО-йы  генералон нымæрдар Антониу Гуттереш  Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Кобахидзейæн  постыл снысан кæныны фæдыл арфæ кæны.

«Курæг уæ дæн райсат мæ  зæрдиаг арфæ  Гуырдзыстоны  премьер-министры пост бацахсыны  фæдыл.

Уæ къухдариуæгады рæстæджы нæбыхсгæйæ  æнхъæлмæ кæсынц Иугонд Нациты Организацийы æмæ Гуырдзыстоны  хицауады æхсæн æмгуыстады  фæарфдæрмæ, уымæн æмæ сымах   æххæст кæнут  уæ  хæсдзинад  демократон  институтты, закъоны  сæйрагдзинад  æмæ гендерон  æмсæрады стынгкæныны æрдæм.

Иугонд Нациты организаци  иузæрдионæй  йæ фарс хæцы  Женевæйы æхсæнадæмон   дискусситы  æмæ конфликты фæстиуæгæн  зианбавзарæг  цæрджыты хъæуындзинæдты сыххæст.

Уырнæг  ут, цæмæй  Гуырдзыстоны хицауад æмæ адæмæн  сæ бон у,  Иугонд Нациты  фарсхæцыны æмæ æмгуыстады ныфс сæм уæд,  уый нымæцы, Гуырдзыстоны ИНО-йы минæвæртты   фæрцы, æнæцудгæ  райрæзты  нысæнтты размæцыдæн. Курæг уæ  дæн, райсут  мæ цыты  гаранти», – банысангонд у Гуттерешы  арфæйы.