Антониу Гутиереш - Одессæйы портæй рацæуæг базарадон нау едзаг дыууæ дефицитон продуктæй - хорæй æмæ ныфсæй, уый у ныфс милуангай адæймагæн æнæхъæн дунейы

Уæзласæг нау  26  тоннæ хоры культурæимæ  у  фыццаг корммерцион нау, кæцы  Одессæйы  портæй  25 февралы фæстæ рацыд, уый у ныфс  милуангай  адæймагæн æнæхъæн дунейы –  уый фæдыл ИНО-йы  генералон нымæрдар  Антониу Гуттиереш   райхъусын кодта.

«Уæзласæн  нау  хъуамæ ныхæццæ уа  Турчы территорион дæттæм сом, цы ран  ацæудзæн сгæрст, стæй та  нысаниуæгы бынаты æрдæм, Триполимæ  араст уыдзæн. Ацы базарадон нау  едзаг у  дыууæ дефицитон продуктæй –  –  хоры культурæтæй  æмæ  ныфсæй.  Уый у  ныфс  милуангай адæймагæн  æнæхъæн Дунейы, кæцытæ  баст сты  Украинайы порты æнæкуылымпы  куыстыл, цæмæй   хæринагæй  сифтонг кæной сæ бинонты.  Ацы  науы  абалц кæнын  «Сау Денджызы  цъæх  инициативæйы» фыццаг   конкретон фæстиуæг у. Уый хъуамæ  суа фыццаг,  бирæнымæцон  базарадон  наутæй, кæцытæ  Дунейы  хæлцадон   базартæм фæхæццæ кæндзысты  ныфс æмæ стабилондзинад» – райхъусын кодта  Гутиереш.

Украинаг хорæй  едзаг  фыццаг  нау Одессæйæ  абон рацыд.