Антон Геращенко - Горæт, кæцыйы Европæйы сеппæтæй стыр атомон элеткростанцæ ис, оккупанттимæ хæцынмæ цæттæ кæны, Уырыссаг инæлартæ, райхъал ут! Мауал сæвзæрын кæнут ног Чернобылы уавæртæ
Украинайы мидхъуыддæгты министры уынаффæгæнæг Антон Геращенко социалон хызаг «Фейсбукы» фото æмæ видеоæрмæджытæ публикаци кæны, кæцыйы мидæг æвдыст у горæт Энергодар, уырыссаг æфсæдды ныхмæ.
Энергодары ис Запорожейы атомон электростанцæ.
«Путины режимы тыххæй, Европæ ноджы иу хат ралæууыд атомон катастрофæйы тасы раз. Ацы фототæ ист сты Энергодармæ бацæуæны. Горæт, кæцыйы дæр Европæйы сеппæтæй стыр атомон элеткростанцæ ис, оккупанттимæ хæцынмæ цæттæ кæны. Уырыссаг инæлартæ, райхъал ут! Мауал сæвзæрын кæнут ног Чернобылы уавæртæ. Радиаци адæмы не взары» – фыссы Геращенко.