Антикоррупцион бюройы æрдгæй олигархыл нымад уæнгтæн политикон партиты æмæ протестон акциты финансдзинад нал фæтобæ уыдзæн
Антикоррупцион бюройы æрдгæй олигархыл нымад гоймæгтæн политикон партиты æмæ протестон акциты сфинанс кæнын нал фæтобæ уыдзæн.
Ахæм тобæ уыдис «деолигархизацийы» фæдыл закъонопроекты фыццаг версийы. Коректиргонд варианты та, Венецийы Комиссийы рекомендацимæ гæсгæйæ, ацы тобæгæнæг нормæтæ ист сты.
Законопроекты иунæг тобæ, кæцы олигархыл нымад гоймагмæ æххæссæдзæн у, сæ приватизацийы процессы хайады тобæ.
Комитеты сæрдар Анри Оханашвилийы æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, цалдæр стати, политикон партиты æвзарæнон кæнæ æндæр кампаниты æмæ демонстрациты финансдзинады тобæимæ уыд баст, кæцыйы Венецийы Комисси бартæ бафхæрды гæнæн рискытæ фæфиппайдта, кæд олигархтæн ацы бар фæтобæ уыдаит, кæд уый барты æнæрастæй арæнæвæрд уыдаит.
« Уымæ æмбæлгæйæ, фæнысангонд фарста, проектæй бынтон раппæрстам – кæнæ та кæд гоймаг нымадмæ ист уыдзæн куыд олигарх, æмбæлгæ финансдзинады сыххæст йæ бон уыдзæн æмæ ацы æрдæмадæй арæнæвæрд йæм нæ баххæсдзæн», – банысан кодта Оханашвили.