Анна Долидзе – оппозицийæн æнхъарæм архайадон план, районты, кæцы рæтты дæр оппозици сакребулоты фылдæры хайæ у, слæууынк æнæт мэры импичменты фарста
Парти «Адæмæн»-ы лидер Анна Долидзе уыцы районы сакребулоты оппозиционер уæнгтæм баздæхтис, кæцы рæтты оппозици фылдæры хай æрымбырд кодта æмæ сæм мэрты импичиментмæ æрсидтис.
Долидзейы æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, зæгъгæ закондæттынад оппозиционер кандидаттæн дæтты фадат, сакребулоты æххæстбартæм рывналынæй æхсæз мæйы фæстæ райдайæт мэры йæ куыстæй сисыны процедурæтæ.
Анна Долидзейы дзырдæй, зæгъгæ растдæр уый бакæндзæн бæстæ æмгъуыдагъоммæ æвзæрстытæм. Долидзейы дзырдæй, хæдуынаффæйы æвзæрстыты развæлгъау фæстиуджытæй, оппозици сакребулоты фылдæры хайæ бавдыст у Батумы, Руставы, Зугдиды, Чхороцъхъуйы æмæ Сенакы.
«Оппозицийæн æнхъарæм архайадон план, кæцыйы хонæм адæмон импичмент. Хæдуынаффæйы закондæттынады фæрцы, гæнæн ис уыцы арйонты, цы ран оппозици сакребулойы фылдæры хай рымбырд кодта, ис сын фадат слæууын кæнæт мэры импичменты фарста, законмæ гæсгæйæ. Ацы районтæ сты: Батум, Рустав, Зугдид, Цъаленджиха, Чхороцъхъу, Сенаки.
Афтæма, кæд сакребуло афтæ нæ ракæндзæн, уæд цæрджыты 20 процентæн ис фадат, слæууын кæна мэры импичменты фарста. Фæстагмæ импичменты процесстæ, уый тыххæй къухфыстытæ æрымбырд кæнын, сакребулойы уынаффæ ратдзæн сигнал хицауадæн æмæ нæ æхсæнадæмон æмгарадæн, цæмæй ахæм ахаст, æвзæрстыты радон хатт æргомæй адавын нæрайсгæ у, цæмæй бæстæйы цæрджыты æрдæгæй фылдæр сты оппозицион равгыл, æмæ уавæр цæттæ у æмгъуыагъоммæ æвзæрстытæм. Адæмон импичмент уыцы горæтты, цыран цæрджытæ оппозицион равгыл сты у доминантон, ис фадат хицауадæн бамбарын кæнæм цæмæй афон у, хицаудзинад райуарын æмæ уый тыххæй æмгъуыдагъоммæ æвзæрстытæ снысан кæнын» – райхъусын кодта Анна Долидзе.