Германийы канцлеры Ангела Меркелы визит Гуырдзыстоны æнхъæлцау сырæздзæн 23-24 августы. Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады куыд дзурынц афтæмæй официалон информацийы датæмæ гæсгæ, Германийы минæварад нæ бæлвырд кæны.
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалианийы фидиуæнæй, Германийы канцлеры визит Гуырдзыстонмæ иттæг нысаниуæгджын у.
Министры ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстонæй иумæ Меркел афтæдæр ныццæудзæн æнæхъæнæй Хуссар Кавказы регионмæ.
«Нæ немыцаг партнертимæ иумæ уый фæдыл ныхас нын цъус рæстæджы размæ уыд. Зонут æй, иуæй-иу фыццаг официалон визит мын растдæр Германимæ уыд, йеуæд æрныхас кодтам ацы визиты тыххæй æмæ нысаниуæгджын у, цæмæй не немыйцаг партнерты æрдгæй, бæстæйы æрдгæй кæцы у Гуырдзыстоны европаг æмæ евроаталантикон интеграцийы тынг хъæддых фарсхæцæг, ис нæм ахæм егъау æмвæзады визит.
10 азы размæ сæххæст фыццаг визит æмæ рæстæгы цæстæнгасæй, ацы визитæн ис стыр нысаниуæг регионы цæугæ процессты тыххæй, уыцы сидтыты фоныл кæцыты раз нæ бæстæ лæууы.
Германийы æххуыс Евроцæдисы æмæ цæгат-атлантикон альянсы у иттæг нысаниуæгджын. Нæ немыцаг партнертимæ фæныхас кодтам ууыл, цæмæй Гуырдзыстон уа сæ боны фæткъы нысаниуæгджын темæйæ», – райхъусын кодта Давит Залкалиани.