Ангела Меркел - зыдтон, цæмæй Путин исты ахæм ракодтаит, кæцы нæ уыдаит дзæбæх Украинайæн
Зыдтон, цæмæй Путин исты ракодтаит, кæцы нæ уыдаит дзæбæх Украинайæн. Растдæр уый тыххæй не сразы дæн æмæ фæстагмæ, фæстиуæг уыдис нæзагъд уæнгдзинады архайадон планыл, кæцы ныфсытæ фæмæнг кодта Гуырдзыстон æмæ Украинайæн, – уый фæдыл Германийы раздæры канцлер, немыцаг медийæн лæвæрд интервьюйы райхъусын кодта, кæцыйы йæ постæй ацыды фæстæ фыццаг хатт фæныхас кодта.
Меркелы дзырдæй, зæгъгæ абон цы уавæр ис Украинайы, «уый у сырдон бырст, кæцы халы æхсæнадæмон барад æмæ йын сраст кæнын гæнæн нæй».
Журналисты фарстыл, йæ бон уыд æви нæ фылдæр саразын, кæнæ æндæргъуызон архайын, хæст маруадзынæн, Меркел банысан кодта: «Æз мæхи нæ аххосджын кæнын», фæлæ дзуры, цæмæй «нæ уыд гæнæн æдасдзинады ахæм архитектурæ саразын, кæцы превенци скодтаит хæст».
Меркелы дзырдæй, зæгъгæ архайадон планы раттыны цауы, Путин Украинамæ 2014 азы онг ныббырстаит, йеуæд та Украина нæ уыдис, Уæрæсейæн афтæ йæ ныхмæ слæууыны хъом. Уыимæ ма, бæстæйы сæргъ уыдысты олигархтæ æмæ уыд коррупцион.
«Зеленски цъус рæстæг размæ райхъусын кодта, ома Украина НАТО-ы уæнг куы уыдаит, уæд активонæй рахæцыдаиккам нæ æфсæддон тыхæй Украинайы сæрыл. Фæлæ ай у процесс æмæ ацы процессы зыдтон, цæмæй Путин исты ахæм ракодтаит, кæцы нæ уыдаит дзæбæх Украинайæн. Растдæр уый тыххæй загътон нæй æмæ фæстиуæг уыд уæнгдзинады архайадон планыл нæзагъд, кæцы ныфссаст фæкодта Гуырдзыстон æмæ Украинайы. Уый тыххæй, цæмæй НАТО ма ныппырх уыдаит бынтон, уымæн æмæ хурыскæсæн Европæ æххæстæй разы уыдысты, уымæн, цæмæ президент Буш уыдис разы, мах загътам, цæмæй бæрæг этапыл йæ бон у суа НАТО-йы уæнг. Путин æнæразы баззад уымæй æмæ цæттæ уыдис. Фæлæ ныр ай æппæт нысаниуæгджын нал у. Уыдæттæй путины абоны архæйдтытæ сраст кæнын гæнæн нæй. Фæнды мæ зæгъын, цæмæй ахæм уыдысты мæ мотивтæ йеуæд.
Президент Зеленски нæуырнинаг хъæддых тох кæны коррупцийы ныхмæ, фæлæ уыцы рæстæджы Украинайы сæргъ уыдыст олигархтæ æмæ нæ уыдис гæнæн зæгъын – райсом уæ райсдзыстæм НАТО-мæ. Растдæр уый тыххæй категорион нæйы загътон архайадон план раттыныл», – банысан кодта Меркел.