Ангел Меркъел дзуры, цæмæй æнæнтыст бадзырдтæм æнæкæсгæ, йæ куыстæй хи суæгъд кæныны аххос нæ уыны.
Германийы канцлер бæстæйы сырæзт политикъон кризисæй рацæуæнæй нымайы ног æвзæрстытæ саразын. Меркъелы дзырдæй, коалицийы формир кæныны æнæфæстиуæг архайды фæстæ, хуыздæрыл нымайы бæтæйы политикъон фидæн, фæлхатгæ хъæлæскæнынæй аскуыддзаг кæной адæм.
Æртæ партийы – «Чырыстон-Демократтæ», «Сæрибар Демократтæ» æмæ «Цæъхты партий» 4 къуырийæ фылдæр рæстæг архайдтой хъауджыдæргонд ахастыл фæтых уын мимграцийы, климаты, экологийы æмæ фиддонон системæйы фæдыл.
Германийы президент Франк Ваьтер Штаймайер, либералтæн, кæцытæ консерватортимæ коалицийыл не сразы сты æмæ бадзырдтæй рацух сты, се скуыддзагыл ноджы иу хатт ахъуыды кæнын амоны. Штайнмайер партитæм Германийы хорздзинады тыххæй, компромиссмæ æрсидтис.
Сырæзт уавæр Ангела Меркъелы 12 азон канцлерæй уæвыны дæргъы сегасæй кризисон у.
Æвзæрстытæ Гермайы ацыдысты сентябры.