Ангела Меркел Гуырдзыстоны – цы информаци райста Фыццаг Канал Ангела Меркелы физиты тыххæй Германийы хицауадæй
Германийы канцлеры Анжела Меркелы Гуырдзыстонмæ визиты размæ, Фыццаг Къанал баздæхт Германийы хицауады спикератмæ, бавдыстаит информаци, цы фарстатыл сцырын кæндзæн йæ хъусдард канцлер Гуырдзыстоны.
Германийы хицауады официалон минæвæрттæ нæм æрбадæттой информаци, кæцы канцлеры визиты срухс кæныны размæ, базонын кодтой журналисттæн.
Фæнысангонд информацийы мидæг акцентытæ арызт сты Уæрæсе-Гуырдзыстоны 2008 азы хæсты дæсæм азы сæры æмæ конфликты сабырадонæй аскуыддзагы æрдæм; афтæма хаххгонд у Гуырдзыстонмæ гæсгæ НАТО-йы гом дуары политикæйæн фарсхæцын;Гуырдзыстоны нысаниуæгджын рæзынад æмæ 4.5%-джын экономикон рæзынад; æнæвизæ дыууæрдæм змæлд Германиимæ№ Франкфурты чиныджы базар æмæ Гуырдзыстоны аккаг уазæджы статус ацы мадзалыл.
Афтæма, бæрæг куыд æссис афтæмæй, Гуырдзыстонмæ визиты фæлгæтты Германийы канцлер Ангела Меркел, а.х. Хуссар Ирыстоны администрацион арæны цурмæ ныццæудзæн æмæ евроцæдисы цæтсдарæг миссийы минæвæрттимæ фембæлдзæн.
Канцлеры администрацийы афтæдæр хъусын кæнынц, цæмæй Германи куыд НАТО-йы алы æндæр уæнг, йæ арс хæцы 2008 азы Бухаресты саммиты уынаффæйæн, Гуырдзыстонмæ гæсгæ, альянсы гом дуары политикæ куы сбæлвырд ис.