Ангела Меркел Гиорги Гахариайæн Гуырдзыстоны премьер-министрæй сфидар кæнын раарфæ кодта
Германийы канцлер Ангела Меркел Гиорги Гахариайæн Гуырдзыстоны премьер-министрæй сфидар кæнын раарфæ кодта. АРфæйы текст Германийы хицауады официалон веб-фарсыл æрцыд публикацигонд.
«Цытджын премьер-министр, арфæ уын кæнын премьер-министры бынатыл сфидар. Райгонд дæн, цæмæй нæ бæстæты æхсæн ахастытæ иудадзыгæй рæзынц. Ай æххæссы фæстиуæгыл ориентиргонд æмкуысткæнынадмæ Скæсæн Партнерады æмæ НАТО-Гуырдзыстоны каомисы фæлгæты, афтæдæр нæ дыууæфарсон ахастытæм. Германи цæттæ у баххуыс кæна Гуырдзыстонæн демокративон æмæ конституцион структурæты фæстæдæр рæзынады. Ракувдзынæн уын æнтыстытæ ацы ахсджиаг æмæ бæрнон куысты» – дзырæдуы Ангела Меркелы арфæйы фыстæджы.