Анджей Дуда – Саломэ Зурабишвили æнæиу хатт æргомæй сфиксир кодта позици уырыссаг агрессийы фæдыл, кæцыйы тыххæй йын арфæгæнæг дæн
Гуырдзыстоны президентæн бузныг загътон йæ позицийы тыххæй, кæцыйы фиксир кæны цæугæ фæзындты, Уырыссаг агрессийы фæдыл. Уый сæрмагондæй нысаниуæгджын у ахæм бæстæты æрдгæй, кæцытæ афтæдæр сты уырыссаг агрессийы амæттаг – уый фæдыл Польшæйы президент Анджей Дуда Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилиимæ иумæйаг брифингыл райхъусын кодта.
Польгæйы парезиденты дзырдæй, зæгъгæ уымæн стыр цыт у, сфысым кæна Саломэ Зурабишвилийæн азæм вазыгджын периоды, Украинайы ныхмæ Уæрæсейы агресси куы цæуы.
Афтæма йæ дзырдæй, Польшæйæгтæ тынг цыт уæнынц Гуырдзыстонæн.
«Нæ зæрдыл лæууы, куыд тох кодта Гуырдзыстон йæ территори бахъахъхъæнынæн. Нæ президент Лех Качински æргом позици сфиксир кодта 2008 азы Гуырдзыстонмæ визиты рæстæджы, уый Гуырдзыстоны фарсхæцæг акцийы райста хайад. Йæ фидиуæн ацы акцийыл, зæгъæн ис, рагзагъд уыд. Загхта, цæмæй абон Гуырдзыстон, сом- Украина, стæй балтийы бæстæтæ æмæ Польшæйы рад дæр æрлæудзæн ацы агрессивон историйы. Президент Лех Качински нырид йеуæд райхъусын кодта, цæмæй мах куы нæ бауромæм Уæрæсейы агресси Гуырдзыстоны ныхмæ, уæд ацы агресси бирæ стырдæр масштаб райсдзæн æмæ æхсæнадæмон дзыллæ ацы агрессийæн йæ ныхмæ куы нæ слæууа, уыд уæрæхдæр масштабтыл ахæлиу уыдзæн зæгъгæ» – райхъусын кодта Анджей Дуда.
Уыимæ, Польшæйы президент Гуырдзыстоны президентæн Украинайы æрдæм разагъд фарсхæцыны æмæ æххуысы тыххæй раарфæ кодта.
«Фæнды мæ бузныг зæгъын Гуырдзыстоны преиздентæн, кæцы афтæдæр исы хайад Украинайæн æххуысы фарстайы, цахæмдæр у гуманитарон æххуыс Гуырдзыстонæй, афтæма не рдгæй. Мах алыгъуызонæй æххуыс кæнæм Украинайæн,а фтæ куыд æфсæддон æххуысæй, уымæн æмæ ацытæккæ æнæмæнг у Украина йæхи баиргъæва уырыссаг агрессийæ.
Фæстаг цалдæр сахаты дæргъы та ис стыр бырстытæ Украинайыл. Ис бомбæкалды факттæ Украинайы территорийыл. Куыд æй уынут афтæмæй, Украина уый æппæтæн йæ ныхмæ лæууы. Уæрæсе хъуамæ ныууадза Украинайы территори, Уæрæсе хъуамæ баурома ацы хæст. Зонæм, цæмæй сæрибар, хæдбар бæстæтæ йæ фарс хæцынц Украинайæн. Ныфс нæм ис, Уæрæсейы тагъд бавзардзæн саст æмæ æрыздахдзæн уыцы территоритæ кæцыты бацахста, æнæрмæст Украинайы, фæлæ ма æндæр бæстæты дæр. Уый æххæссы оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритæм дæр» – райхъусын кодта Анджей Дуда.