Анджей Дуда - Гуырдзыстон æмæ Украинамæ,Уæрæсейы бырсты фæстæ, НАТО-ы хурыскæсæн флангы фæфидардæр кæнын уыд альянсы сегасæй ахсджиаг дæр æнтыст
Гуырдзыстон æмæ Украинамæ Уæрæсейы бырсты фæстæ, НАТО-ы хурыскæсæн флангы фæфидардæр кæнын уыд альянсы сегасæй ахсджиаг дæр æнтыст – ацы фидиуæн Лондоны цæугæ конференцийыл дзырдæй ралæуды рæстæджы сарызта Польшæйы президент Анджей Дуда.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ ацы къахдзæф Польшæйæн æмæ Балканты паддзахадтæн иттæг нысаниуæгджын уыд.
«Нæ нысан у, НАТО уа фидар æмæ иууон. НАТО-ы сæйраг æнтыст фæстаг азты мидæг уыд хурыскæсæн флангы фæтыхджындæр кæнын. Ай уыд иттæг нысаниуæгджын Балтийгæрон бæстæтæн. Сæрмагондæй та, 2008 азы Уæрæсе нырма Гуырдзыстонмæ, стæй та 2014-ы Украинамæ куы бабырста уый фæстæ. Уæдæйфæстæмæ НАТО фæтыхджындæр кодта йæ минæварад хурыскæсæн флангыл, кæцы иттæг нысаниуæгджын уыд» – райхъусын кодта Анджей Дуда.