Андриус Кубилиус - Кæд æнæмæнгхъæугæ у Гуырдзыстонмæ лæвæрд æрцæуа НАТО-ы уæнгсуæвыны архайадон план, уæд афтæдæр æнæмæнгхъæугæ у раттæм йын аналогион архайадон план Евроцæдисы уæнгсуæвынæн
Кæд æнæмæнгхъæугæ у Гуырдзыстонмæ лæвæрд æрцæуа НАТО-ы уæнгсуæвыны архайадон план, уæд афтæдæр æнæмæнгхъæугæ у раттæм йын аналогион архайадон план Евроцæдисы уæнгсуæвынæн – уый фæдыл европарламентари Евронесты парламентон ассамблейы сæрдар Андриус Кубилиус райхъусын кодта.
«Мæ хъуыдымæ гæсгæ, Хурыскæсæн партнерады фидæн у сегасдæр ахсджиаг фарст Евронесты. Махы æрдгæй хатын æнæмæнгхъæуындзинад, фылдæр фадæттæ саразæм уыцы бæстæтæн, кæцы фылдæр амбицион сты. Растдæр уый тыххæй, не рдгæй ивгъуыд азы Европарламенты каст идеятæ, цахæмдæр у секторон интеграци, конкретондæр хъуамæ суа.
Алы ацы идеяйæн хъуамæ уа дырыс нысæнттæ æмæ дырыс практикон фæндагамонæг, цæмæйн нæ кæдæм бакæндзæнис ацы интеграци, цавæр пайда фендзысты бæстæтæ, ацы нысанмæ куы æрцæуой уæд. Зæгъин, кæд реалонæй æмбарæм цæмæй ис уый æнæмæнгхъæуындзинад æмæ Гуырдзыстон æмæ Уркаинайæн раттæм НАТО-ы уæнгсуæвыны архайадон план, уæд афтæдæр æнæмæнгхъæугæ у аналогион МАР раттæм ацы бæстæтæн, Евроцæдисы уæнгсуæвынæн. Растдæр ай у цæуылдæр Евроцæдис хъуамæ тæрхон кæна æмæ рахæсса уынаффæ» – загъта Кубилиус.