Андрей Руденко ныфс дары, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад авиазмæлды фæурæдæй бæрæг урок рахаста æмæ эпидемиологион фæхузыдæры фæстæ, Гуырдзыстонимæ авиазмæлды сног кæныны фæдыл фарста кæсыны фадат фæзындзæнис
Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг Андрей Руденко ныфс разæгъы, ома эпидемиологион уавæры фæхуыздæры фæстæ, Гуырдзыстонимæ авиа-змæлд сног кæныны фарста æркæсыны фадат фæзындзæнис.
Уый фæдыл уый уырыссаг медиимæ интервьюйы рæстæджы райхъусын кодта.
Руденко Гуырдзыстонимæ уæлдæфон змæлды тобæ «антиуырыссаг провокацийæ расайгæ» рæстгмæ æмæ тыхбын мадзалæй схуыдта.
«2019 азы уырыссаг авиакомпанитæн Уæрæсейы Федерацийы территорийæ Гуырдзыстоны территоримæ æмбæстæгты уæлдæфон ласыныл уагæвæрд тобæ уыд зындгонд антиуырыссаг провоккацийæ расайгæ тыхбын мадзал. Уырнæг стæм, ацы мадзал рæстæгмæ у. Ныфс дарæм, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад æрцæугæйæ бæрæг урок рахаста æмæ коронавирусы инфекци ахæлиуимæ баст санитарон-эпидемиологион уавæры стабилизацийы фæстæ, фæзындзæнис фадат, æрыздæхæм авиазмæлд сног кæныны фарста кæсынмæ» – райхъусын кодта Андрей Руденко.