Андрей Руденко - Конфликт нал ис, Уæрæсейæн конфликты фарста æхгæд æрцыд Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны банымады фæстæ
Махмæ гæсгæ ницы конфликт ис, Уæрæсейæн, конфликт Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны банымады фæстæ æхгæд æрцыд – уый фæдыл Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг, Андрей руденко журналисттæн Женевайы загъта.
Андрей Руденко куыд банысан кодта уымæ гæсгæйæ, «Женевæйы бадзырдтыл Гуырдзыстоны æмæ Хуссар Ирыстоны арæнгæрон регионы уæвæг ситуацимæ гæсгæ, алы фарс, уыцы ныттынгонд уавæры æнæаргъæвгæйæ деескалацимæ цæттæдзинад разагъта тыххæй, кæцы августы кæрон – сентябры райдайæны сырæзт».
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, ничи у цымидисджын уымæй æмæ ацы регионы сæвзæра тынгады ног артдзæст.
«Ныфс нæм ис, цæмæй иумæйаг тынгады æмвæзад æрдæлæмæ кæнынæн, иумæ ахизæнты фарста дæр аскуыддзаг уыдзæн æмæ байгом уыдзысты пунктытæ, кæцытæ ныр æхгæд сты. Фарста ныр у касты этапыл. Мах авиазмæлды фарстайыл абон нæ тæрхон кодтам, адон сты æндæр темæтæ, регионы уавæр у иу æмæ дыууæфарсон ахастытæ та бынтон æндæр фарста у. Ацы фембæлды фæстæ нæ министр, С ергей Лавров алцыппæт загъта. Ахастыты нормализаци хъуамæ æрцæуа æмæ æрыздæха уыцы уавæр уæддæр, кæцы июн-июлы уыдис. Уæрæсе никæмæй ницы хæс дары» – райхъусын кодта Андрей Руденко.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсейæн зæгъгæ конфликт нал ис.
«Уæрæсейæн, конфликт Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны банымады фæстæ æхгæд æрцыд. Махæн конфликт нал ис, нæдæр оккупации с, Мах уый хонæм. 2008 азы дыууæ ног хæдбар паддзахады рацарæзт, кæцытæн Уæрæсейы Фелерациимæ ис æмкуысткæнынады бадзырд, уый нымæцы æфсæддон сферæйы дæр» райхъусын кодта Руденко.