Андрей Руденко – Гуырдзыстонимæ тахтытæ сног кæнын уæд уыдзæн гæнæн, Тбилисы русофобион кампани куы банцайдзæн
Гуырдзыстонимæ авиарейсытæ сног кæнын æрмæст уæд уыдзæн гæнæн, Тбилисы русофобион кампани урæд куы æрцæудзæн æмæ Уæрæсейы æмбæстæгты æдасдзинадæн цыфæнд тас куы фæтары уыдзæн, уæд, – ацы куырдиат Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг Андрей Руденко «РИА Нововстиимæ» интервьюйы рæстæджы сарызта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, арæнæвæрдтæ аивыныл ныхасы райдаын уый фæстæ уыдзæн гæнæн, æмбæлон уавæртæ куы сырæздзысты, уæд.
«Арæнæвæрдтæ аивыныл диалог уый фæстæ уыдзæн гæнæн, уый тыххæй алы хъæугæ уавæртæ куы сырæздзысты. Сæрыфыццагæй, дзырдæуы Гуырдзыстоны ситуацийы стабилизацийыл, русофобийы кампанийы бауромын æмæ афтæдæр хъуамæ фæтары уа цыфæнды тас Уæрæсейы æмбæстæгтæн», – райхуъсын кодта Руденко.
Гуырдзыстонимæ комкоммæ авиа-рейсытæ аскъуыныны фæдыл бардзырд Уæрæсейы президент Владимир Путин 2019 азы 21 июны радæтта. Официалонæй Уæрæсе-Гуырдзыстоны æхсæн комкоммæ авиарейсытæ ивгъуыд азы 8 июлы æрцыд урæд.