Андерс фог Расмусен – альянсы  иуæй-иу уæнг гæнæн ис  Украинамæ  æфсад  арвитыныл сразы уа
Андерс фог Расмусен – альянсы иуæй-иу уæнг гæнæн ис Украинамæ æфсад арвитыныл сразы уа

Альянсы иуæй-иу уæнг гæнæн ис,  Украинамæ æфсад арвитыныл сразы уа – уый фæдыл  НАТО-йы  рахдæры  генералон  нымæрдар  Андерс фог Расмусен хъусын кæны.

Расмусены  дзырдæй, зæгъгæ  кæд НАТО Вильнюсы саммитыл   нæ аскуыддзаг кæндзæн  Украинайы   уæнгсуæвыны  къахдзæфтæ  кæнæ  æдасдзинады гаранти, «ис æргом æвæццæгæнад, цæмæй иуæй-иу бæстæ  индивидуалон  мадзæлттæ райса».

«Бæрæг у, цæмæй Польшæ  тынг  баст у Украинайæн  конкретон æххуысы  æмæ  нæ цух кæнын, цæмæй Польшæ  фылдæр баиу уа  æмæ йæ фæдыл  ацæуой Балтийгæрон бæтæтæ дæр» – райхъусын кодта Расмусен.

Бакой уын кæндзыстæм, альянсы æмæ  ныгуылæны паддзахадты  официалон минæвæрттæ   æнæиу хатт   категорионæй  нæзагъд ракодтой  Украинамæ сæрмагонд æфсæддæ   арвитыныл,   бæлвырд кæнынц,ц æмæй уый  бындур  ратдзæн НАТО æмæ Уæрæсейы  æхсæн комкоммæ   быцæуæмбæлдæн.