Анаклиайы портмæ бацæуæн фæндаг æмæ æфсæнвæндаджы проект бакусынæн расидтысты тендер
Анаклиайы портмæ бацæуæн фæндаг æмæ æфсæнвæндаджы  проект бакусынæн  расидтысты  тендер

Анаклиайы портмæ бацæуæн фæндаг æмæ æфсæнвæндаджы  проектиркæнынæн  райдыдта  тендер.

Куысты  æнхъæлцау  аргъ у  10 998 972   лари. Куыстытæ та  бадзырдыл къухбафыссынæй    13 мæймæ  хъуамæ  сæххæст уой.  Тендеры  расидтис фæндæгты департамент. Куырдиæтты бавдыст   райдайдзæн 13 январы æмæ   16-мы онг аххæсдзæн.

Анаклиайы   портмæ  фæндаг æмæ æфсæнвæндаджы   айгæрдын у  паддзахады  хæс.  Арæзтад  æнхъæлцау  100 милуанæй фылдæр доллар сбаддзæн.

Тендерон  документацимæ гæсгæ, фыццаг этапыл  план кæны  2  хаххджын  фæндаджы  арæзтад.  Цæуæн хайы фæтæн  хъуамæ уа 11 метры.  Цыдæриддæр та   ног æфсæнвæндагон   магистралмæ æххæссы,   йæ дæргъ уыдзæн 17-18  километры.