21-æм æнусы Гуырдзыстоны сегасæй егъау проект, кæцы у Гуырдзыстоны транзитон бæстæйæ, логистикæй, æмæ индустрийы парахатгæнæг бæстæйæ фæлхатæны райдиан – ахм аргъ скодта Анаклиайы арфдойнаг порты проектæн Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Къвирикашвили, кæцы арæзтады райдыны церемонийы райста хайад.
Хицауады администрацийы информацийæ, премьер дзырдæй ралуды рæстджы банысан кодта, цæмæй ай у тынг стыр трансформаци, уыцы стыр ивдтыты радиан, кæцы бстæйы æрцæудзæн.
«Сæрыфыфццагæй, порт у уникалон проект, уымæн æмæ ацы порт Зæлдаг Фæндаджы, картæйыл фæфидар кæндзæн Гуырдзыстоны позици. Ацы порт цæй зæгъын æй хъæуы ратдзæн фадат нæ бæстæйæн, райса сегасæй стырдæр науты æмæ уый тыхæй дæр, фемдзог уа контейнерон уаргъты зилдухы уыцы рæзгæ динамикæимæ, кæцы регионы архайы. Кæй зæгъын æй хъæуы ацы порт ног фадæттæ ратдзæн æнæрмæст ацы регионæн, фæлæ ма æнæхъæнæй Гуырдзыстоны цæрджтæн, бынтон æндæр фæрæзтæ сын фæзындзæн сæрмагонд бизнесæн, кæнæ райдайой ног хъуыддаг. Сæрыфыццагæй цалдæр мин адæймаг ссардзæн куыст нырма арæзтады процессы, фæлæ уый фæстæ та, абон зын у уый ранымайын йæййас эффект уыдзæн ацы порт нæ экономикæйæн. Ахæм у реалондзинад, ам уæлдай æппын ницы ис. Ацы порты алыварс, цалдæр сæдæ гектар райтынг уыдзæн, куыд кондадон, æвæрнты, логистикон æмæ кæй зæгъын æй хъæуы цæрынæн ног зонæ. Ай уыдзæн егъау динамикæ нæ бæстæйы æмæ адон æппæт уыдзысты бынтон ног фæрæзтæ инновацион, логистикон, индустрион ног Гуырдзыстонæн» – райхъусын кодта Гиорги Къвирикашвили.
Премьер бузныг загъта «Анаклиайы райтынгы консорциумæн» цалдæр азон стыр куысты тыххæй æмæ банысан кодта, цæмæй абон æххæст у проект, кæцыйы Гуырдзиаг компанитимæ иумæ сты америкаг инженерон компани «Конти», афтæдæр порты оператор æмæ инвестор у дунейы гигант, Сиэтлы порты менеджер «SSA Marine»; инвестортæ Узбекистанæй æмæ иттæг нысаниуæгджын бадзырдтæ цæуынц Китайимæ. Премьер-министр арфæ ныхасæй басидтис проекты хайадисæг алы бæстæйы минæвæрттм.
«Ацы Европæ æмбæлы Азиимæ, ай у сегасæй сæйрагдæр, Гуырдзыстон фæбæрæг уыдзæн дунейы масштабæй, куыд æхснадæмон æмкуысткæнынады, стабилондзинады æм сабырады бæстæ афтæ. Фæнды æм ноджы иу хатт уын раарфæ кæнон абоны бон, раарфæ кæнон Æппæт Гуырдзыстонæн æмæ нæ алы æрдхордæн, уымæн æмæ абон, ацы ран райдайы ног Гуырдзыстон, æмæ ацы ныхæсты уæлдай ницы у» – банысан кодта Гиорги Къвирикашвили.
Анаклиайы порты арæзтадон куыстыты райдаыны церемонийы Гуырдзыстоны премьер хайад райста министрты кабинеты уæнгтимæ иумæ.