Анаклиайы æрфдойнаг наулæууæны арæзтадыл æппынфæстаг æнхъарæн китайаг консорциум бавдыста, кæцы уæлахиздзауыл æввахс бонты банымайдзысты
Анаклиайы æрфдойнаг наулæууæны арæзтадыл æппынфæстаг æнхъарæн китайаг консорциум бавдыста, кæцы уæлахиздзауыл æввахс бонты банымайдзысты

Анаклиайы æрфойнаг наулæууæны  райрæзты  агентады  æппынфæстаг  æнхъхарæн  Китайаг консорциум  бавдыста, уæлахиздзауы тыххæй  æввахс бонты райхъусын кæндзысты, – уый фæдыл  экономикæйы министры, Леван Давиташвилийы абоны брифингыл   ссис  бæрæг.

Министры фидиуæнæй,  Анаклиайы æрфдойнаг наулæууæны райрæзты  агентадмæ æппынфæстаг æнхъарæн  æрмæст Китайаг  консорциум бавдыста.

«Проекты сæххæст йæ къух сараздзæн: мингай ног куыстбынаты саразынæн; бынæттон цæрджыты социалон-экономикон  уавæры фæхуыздæрæн;  Гуырдзыстоны уылты  транспортон  къæлидоры  конкурентхъомады райрæзтæн; Гуырдзыстоны территорийы уылты  ног  уæзты къадæйы  æрбаласынæн; порты алфæмбылæйтты  кондадты æмæ логистикон  сервситы  райрæзтæн. АНаклиайы наулæууæн зæрдæмæдзæугæ уыдзæн  оккупацигонд Абхазы территорийыл  цæрæг цæрджытæн дæр – уыдонæн уыдзæн фадат, афтæдæр бакусой Анаклиайы порты куыд  арæзтады, афтæ  оперирдзинады стадийыл.  Уый æддæмæ ма, афтæдæр гæнæн уыдзæн    оккупацигонд территоритыл цæрæг  цæрджыты   уагъд продукци рахæссой экспортмæ  Анаклиайы порты фæрцы. Порты фыццаг фазæйы   уадзынхъомад  уыдзæн 600 мин  контейнер ( 7,800,000 тоннæ ), æрмæст  оориентацион аргъ  600 милуан АИШ доллары бæрц.  Паддзахад афтæдæр  кæсы порты  алфæмбылæйтты уæгъдибар индустрион зонæ саразыны фарста». – райхъусын кодта Давиташвили.