«Amnesty International» публикаци скодта  æрвылазон хыгъдлæвæрд
«Amnesty International» публикаци скодта æрвылазон хыгъдлæвæрд

«Эмнести  Интернейшнл» (Amnesty International), публикаци скодта   Хурыскæсæн Европæ æмæ  Централон Азийы  бæстæты ф æдыл   æрвылазон хыгъдлæвæрд. Документ æххæссы   2019   азы  айтынггонд  фæзындтæм.

Хыгъдлæвæрды мидæг дзырдæуы   Гуырдзыстоны тыххæй дæр.  Организацийы гуырдзиаг æвзагыл  публикацигонд  пресс-релизы  мидæг банысангонд у, ома бæстæйы   паддзахадон ргæнты  минæвæртты  æрдгæй   адæймаджы барты гæнæн  фехалыны факттыл   цæугæ  тугтæрхоны  барады  хъуыддæгты  фæдагуырдтæ æнæфæстиуæгæй   цыдысты,  цæй  тыххæй  дæр   прокурратурæ æмæ фæдæвзарæг   оргæнты æрдæм  дзыллæйы æууæнк  ноджы  фæкъаддæрдæр ис.

«Резонанасон  тугтæрхоны  хъуыддæгтыл политикъонæй  мотивацигонд  фæдыл зилыны тыххæй  зæрдæхсайд  разагъдæуыд.  Демонстраци ныссæндыны  рæстæджы  сæйраг горæт Тбилисы  пъæлицæй  æнæпропорцион   тыхæй  архайдта,  кæцыйы  фæстиуæгæн,  демонстрантты  хай, физикъон зиæнттæ   райстой.  Хицауад  Гуырдзыстоны пълангонд   фыццаг прайды  æдасдзинад сифтонг кæнын нæзагъд ракодта.  Уæрæсе æмæ  Абхазы æмæ Цхинвалы регионы/Хуссар Ирыстоны   сепаратистон   территоритæ  адарддæр кодтой   бынативды сæрибар  арæн кæнын  Гуырдзыстоны  æндæр территоритимæ, кæцы  бынæттон цæрджыты экономикон æмæ  социалон  бартыл  æппæрццагæй  фæзындис» –   кæсæм  хыгъдлæвæрды мидæг.