«Эмнести Интернейшнл» (Amnesty International), публикаци скодта Хурыскæсæн Европæ æмæ Централон Азийы бæстæты ф æдыл æрвылазон хыгъдлæвæрд. Документ æххæссы 2019 азы айтынггонд фæзындтæм.
Хыгъдлæвæрды мидæг дзырдæуы Гуырдзыстоны тыххæй дæр. Организацийы гуырдзиаг æвзагыл публикацигонд пресс-релизы мидæг банысангонд у, ома бæстæйы паддзахадон ргæнты минæвæртты æрдгæй адæймаджы барты гæнæн фехалыны факттыл цæугæ тугтæрхоны барады хъуыддæгты фæдагуырдтæ æнæфæстиуæгæй цыдысты, цæй тыххæй дæр прокурратурæ æмæ фæдæвзарæг оргæнты æрдæм дзыллæйы æууæнк ноджы фæкъаддæрдæр ис.
«Резонанасон тугтæрхоны хъуыддæгтыл политикъонæй мотивацигонд фæдыл зилыны тыххæй зæрдæхсайд разагъдæуыд. Демонстраци ныссæндыны рæстæджы сæйраг горæт Тбилисы пъæлицæй æнæпропорцион тыхæй архайдта, кæцыйы фæстиуæгæн, демонстрантты хай, физикъон зиæнттæ райстой. Хицауад Гуырдзыстоны пълангонд фыццаг прайды æдасдзинад сифтонг кæнын нæзагъд ракодта. Уæрæсе æмæ Абхазы æмæ Цхинвалы регионы/Хуссар Ирыстоны сепаратистон территоритæ адарддæр кодтой бынативды сæрибар арæн кæнын Гуырдзыстоны æндæр территоритимæ, кæцы бынæттон цæрджыты экономикон æмæ социалон бартыл æппæрццагæй фæзындис» – кæсæм хыгъдлæвæрды мидæг.