«Амнести интернейшнл»   - Уæрæсе æмæ де-факто  хицауад  рæхджы,  хъуамæ равзарой   Арчил Татунашвилийы  мæлæты  хъуыддаг  æмæ буары та  йæ бинонтæн  æнæаргъæвгæйæ радæттой
«Амнести интернейшнл» - Уæрæсе æмæ де-факто хицауад рæхджы, хъуамæ равзарой Арчил Татунашвилийы мæлæты хъуыддаг æмæ буары та йæ бинонтæн æнæаргъæвгæйæ радæттой

Æхсæнадæмон  организаци  «Амнести интернейшнл»  Арчил Татунашвилийы  хъуыддаджы фæдыл фидиуæн хæлиу кæны, кæцыйы мидæг  Уæрæсейы  æмæ  де-факто  хицауадмæ æрсидтис, айоныл, лæмбынæг æмæ   объективонæй  равзарой  фæнысангонд хъуыддаг  æмæ  бинонтæн буар  æнæаргъæвгæйæ  радæттой.

Организацийы  хъусын кæнынц,   цæмæй  кæд æмæ Арчил Татунашвилийы  мæлæты  хъуыддаджы  нæ равзардзысты, уымæй  бæрæг уыдзæн  цææмй  бынат уыд   царды  бары  бафхæрдæн.

«Уæрæсе æмæ де-факто  хицауад  рæхджы, лæмбынæг æмæ   объективонæй  хъуамæ равзарой   Цхинвалы регионы   ахст Арчил Татунашвилийы  мæдлæты  хъуыддаг  æмæ буары та  йæ бинонтæн  æнæаргъæвгæйæ радæттой.

35  аздзыд Арчил Татунашвилийы  2018 азы  22 февралы   Цхинвалы   регионы    æрцахстой.   Бынæттон    ирон  медийы  хъусинагæй, уыйы  азымджын кодтой  гуырдзиаг барадхъахъхъæнджытимæ   æмкуыстдзинады  æмæ  2008 азы   Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæсты   хайад исыны.  Фæмардуæвæгы бинонтæ   гуырдзиаг медийæн  куыд  загътой  афтæмæй,  Татунашвили  Цхвинвалы  регионы  сæрмагонд хæдзары бæрæгдзау ныццыд. Уыцы   бон  Татунашвили,  ахсты  рæстæджы фæмард.

Де-факто  хицауад бæлвырд кæны   цæмæй   уый  зæгъгæ  амард полициимæ кæй фæбыцæу ис  æмæ  кæй  ахауд уый фæстиуæгæн,  изолæтормæ йæ куы фæцæйластой  уæд.  Афтæдæр сæ ныхæстæм гæсгæ Татунашвили бацархайдта   хъахъъхæнджытæн сæ æхсæнгарз байсын,  кæцы рæстæджы дæр ахаудты  æмæ   фаталон  зиæнттæ райста.

Цхинвалы   регионы  де факто  хицауад  Гуырдзыстоны Татунашвилийы  бинонтæн  йæ буар   ацы рæстæгмæ  нæ  ратта.

Адæймаджы барты  æхсæнадæмон  закъоны  фундаментон   нормæ у, цæмæй  никæмæн ис бар  тыхмийы руаджы скуынæг кæна адæймаджы  цард.

Æхсæнадæмон стандарттæй,  мæлæт цы фæнды типы  ахæсты  рæстæджы  хъуамæ кастæуа  куыд хъизæмар æмæ фыдзæрдæ  ахаст. Йæ фæдыл хъуамæ уа  тагъд, бындурон æмæ объективон  фæдæвзарæн уый  сбæрæг кæнынæн,  цææмй  цас æмбæлон у   рæстдзинадимæ ацы  верси.

Æхсæнадæмон закъонæй  æмæ стандарттæм гæсгæйæ сæрмагонд бартæ ис  зианбаййафæг   бинонтæм дæр.  Хъуамæ сын уа минæвар,  кæцы  йæ цæст барадзæн  буары  сыгомы  процедурæмæ. Æнæмæнг фæдæвзарæн  процедурæты  фæуды фæстæ та буар лæвæрд хъуамæ æрцæуабинонтæм, цæйм сын уа  фадат, сæрмагонд уырнынадмæ гæсгæ, ауадзой  мардæвæрæн церемоний» – банысангонд у организацийы  фидиуæны.