Америкаг Социологион компани – Европæйы Хуыцауы сеппæтæй фылдæр уырны Гуырдзыстоны æмæ Сомихыстоны æмбæстæгты
Вашингтоны уæвæг иуæй-иу социологион иртасæнты центры (Pew) уагъд иртасæнмæ гæсгæйæ, европæйы сеппæтæй фылдæр религион сты Гуырдзыстоны æмæ Сомихыстоны цæрджытæ.
Сомихыстоны рафарстгондты 79% хзъусын кæнынц, цæмæй сæ Хуыцау кæй ис уый бæлвырдæй уырны, æрмæст Гуырдзыстоны аналогион дзуапп раттой респондентты 72%. Ныгуылæн европæйы та, Францы цæрджыты уырнындзинад иртасæны рафарстгондты 11% сфиксир кодтой, Швейцарийы – 11%, Германийы 10%. Нидерландты, Бельгий æмæ Швецийы Хуыцауы уырны æмбæстæгты 50%-æй къаддæры.