Америкæйы хъахъхъæнынады æмæ  денджызон  тыхты  атташетæ  капрал  Рамаз Давитаиайы ном ссардтой
Америкæйы хъахъхъæнынады æмæ денджызон тыхты атташетæ капрал Рамаз Давитаиайы ном ссардтой

Америкæйы хъахъхъæнынады æмæ  денджызон  тыхты  атташетæ  капрал  Рамаз Давитаиайы ном ссардтой.   Уый  фæдыл  информацийы, Гуырдзыстоны АИШ-ы  минæварад   хъусын кæны.

Капрал Рамаз Давитаиа  Афгъанистаны  НАТО-ы «айсафы»  миссийы  куысты  рæстæджы  2015 азы  æрбамард

«Минæвар Норланд капрал  Рамаз Давитайы адзалы бон, 2015  азы  куыд банысан кодта афтæмæй, зæгъгæ  уый  кæддæриддæр нæ  зæрдыл лæудзæн.  Сæрмагонд æхсардзинадæй  æвзæрст  капрал  Давитаиа ISAF-ы миссийы  куысты  рæстæджы  уæззау  фæцæф ис.  Йæ æхсардзинад æмæ  хъæддыхдзинад  уыд  дæнцон.   Америкæйы хъахъъæнынады æмæ  денджызон тыхты  ааташетæн   стыр  цыт уыдис,  знон капрал Рамаз Давитаийы  ингæнмæ  бæрæгдзау бацæуын  æмæ йæ ном  ноджы иу хатт ссарын, хæстон арфæйæ» – дзырдæуы  АИШ-ы минæварады фидиуæны.