Америкæйы Иугонд Штатты  Националон Академийы журналы мыхуыр æрцыд æрмæг «Хуссар Кавказ, Гуырдзыстон, хæдбар центр дзулы мæнæуы равзæрды тыххæй неолиты периоды»
Америкæйы Иугонд Штатты Националон Академийы журналы мыхуыр æрцыд æрмæг «Хуссар Кавказ, Гуырдзыстон, хæдбар центр дзулы мæнæуы равзæрды тыххæй неолиты периоды»

Америкæйы Иугонд Штатты Наукæты Националон Академийы куыстытæ (PNAS) ныммыхуыр кодтой статья «Хуссар Кавказ, Гуырдзыстон, неолиты периоды дзул мæнæуы равзæрды хæдбар центр». Статья бæлвырд кæны, цæмæй Гуырдзыстон у хæдбар æмæ ныртæккæ документгонд рагон центр дзул мæнæуы (Triticum aestivum) равзæрды. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны культурæйы министрад парахат кæны.
Культурæйы министрады информацийы куыд банысангонд у афтæмæй, Израилы Вайсманы институты уагъд радиоуглеродон датировкæйы методыл бындурæвæрдæй, сбæлвырд ис, цæмæй Гуырдзыстоны неолиты цæрæн бынæтты цы æрмæг рабæрæг ис, уый дунейы дзул мæнæуы уæвынады сеппæтæй рагондæр зындгонд физикон бæлвырдгæнæн у.
«Æхсæнадæмон мультидисциплинарон иртаст Гуырдзыстоны культурæйы министрады, сæны националон агентады проект «Сæн æмæ сæнæфсиры иртасын æмæ популяризацийы» фæлгæтты, Торонтойы университеты, Вайсманы институты æмæ «Æхсæнад Иверийы» æххуысæй сырæзт», -ис фыст культурæйы министрады информацийы.
Уымæй дарддæр ма, культурæйы министрады информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны территорийыл дзул мæнæуы равзæрды рагон центр бæлвырдгæнæг фæстаг зонадон иртасты фæстиуджыты презентаци 1-æм майы, 14:00 сахатыл Националон музейы сырæздзæн.