Амардтой Дудайты Марикы
Амардтой Дудайты Марикы

Дудайты Марикы  мард  ссардтой Арцеуы хъæуы.

Йæ амæлæт ын бафидар кодтой  окупиргонд регионы барадхъахъхъæнæг органтæ. Дудайты Марикы буар ссардтой Арцеуы хъæуы раздæры клубы бæстыхайы.”Марæг фехста Марикы æртæ хатты. Йæ мард ссардтой райгуырæн хъæу Арцеуы. Раздæры хъæууон клубы территорийыл Марик дардта фермæ. Развæлгъау информацимæ гæсгæ, клубы дыккаг уæладзыгыл минасы рæстæджы, уымæ æрбацыд йе ′мхъæуккаг æмæ йæ æртæ хатты фехста. Марик фæмард бынаты”,

Фыдгæнæг йæхи бааууон кодта фыдракæнды бынатæй.

Марæджы ныртæккæ агурынц барадхъахъхъæнæг органтæ. Фыдракæнды бынаты кусынц прокуратурæ æмæ МХМ-ы кусджытæ.