Амалхъомдзинад цух уæнгтæ гоймагы æвдисæндæрттæ абонæй 10 январы банымадæй æнæфидгæйæ райсдзысты
Амалхъомдзинад цух уæнгтæ гоймагы æвдисæндæрттæ абонæй 10 январы банымадæй æнæфидгæйæ райсдзысты.
Амалхъомдзинад цух уæнгы статусы бæлвырдгæнæн документы бавдисыны цауы, æххæстаздзыдтæн паспорты æмæ гоймагы бæлвырдгæнæн æвдисæндæртты райсын бынтон æнæфидгæ уыдзæн, æнахъомтæн та, æмбæлон æвдисæнгæххæтт бавдисыны цауы, гоймагы электрнон æвдисæндар æнæаргъæй ратдзысты.
Гоймагы бæлвырдгæнæн æвдисæндар æнæаргъæй райсынæн æмбæстæгтæ хъуамæ бацæуæт юстицийы хæдзармæ, паддзахадон сервситы райтынгы агентады территорион куыстытæм кæнæ æхсæнадон центртæм æмæ амалхъомдзинад цух уæнгы статусы бæлвырдгæнæн документ бавдисæт. Амалхъом цух уæнгтæ, къам айсыны фидтонæй дæр ссæрибар уыдзысты. Цæттæ документты æмбæстæгтæн 10 куыст бонмæ ратдзысты.
Юстицийы министрады хъусинагæй, æнæаргъ гоймагы æвдисæндæртты акци Тея Цъулукианийы инициативæйæ 2013 азæй систематонæй цæуы уагъд. 2913-2018 азты лæвæрд 2 600 000 фылдæр æвдисæндæртты æрдæгæй фылдæр 1 500 000-ы онг документы, лæвæрд æрцыдысты æнæфидгæйæ кæнæ та уæлбарджын аргъæй, ацы хатт та акци специалонæй амалхъомдзинад цух уæнгтæн æрцыд уагъд.